Парламент æхсæнадæмон дзыллæмæ сиды, Арчил Татунашвилийы мæлæты фактæн æмбæлон аргъ скæной
Гуырдзыстоны парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Тамар Чугошвили æмæ Европæмæ интеграцийы кормитеты сæрдар, Тамар Хулордава æхсæнадæмон дзыллæмæ Арчил Татунашвилийы мæлæты фарсты æмæ оккупацигонд Гуырдызстоны территоритыл уырыссаг оккупацион режимы архæйдтытæм æмбæлон аргълæвæрд скæыны æрдæм æрсидтысты.
«2018 азы 22 февралы, Уæрæсейы оккупацион режим Ахалгоры æнæзакононæй æрцахста Гуырдзыстоны æртæ æмбæстагы – Арчил Татунашвилийы, Леван Куташвилийы æмæ Иосеб Павлиашвилийы. 23 февралы фæбæрæг ис, цæмæй ахæст Арчил Татунашвили æнæбæрæг уавæрты æрбамард.
Евройцæдис ыцæстдарæг мисси æмæ Женевайы бадзырдты æмсæрдæрттæ информиргонд сты ацы трагикон цауы тыххæй, кæцыйыл комкоммæ бæрн æвæрд цæуы Уæрæсейы Федерацийы, кыд оккупацигонд регионыл æххæст кантролæгæн тыхыл афтæ.
Курæг стæм цæстдарæг миссийæ æмæ æхсæнадæмон дзыллæйæ, афоныл реагирдзинад равдисо ацы æмбуалгъ фактыл, рабæрæг уа Арчил Татунашвилийы мæлæты уавæртæ æмæ æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæна ахæстты» дзырдæуы Тамар Хулордавайы сидты.
Европæйы советы парламентон ассамблейæн Цхинвалы 1æрцæугæйы тыххæй информаци фехъусын кодтой æмæ æмбæлон аргълæвæрд скæнынмæ æрсидтис Гуырдзыстоны парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Тамар Чугошвили.
Окупацигонд Гуырдзыстоны регионы æрцæугæ трагикон инцидент, касты сæйраг темæйæ уыдзæн Брюсселы,кæдæм дæр Гуырдзыстоны парламенты делегаци араст ис.