Гуырдзыстоны парламент æдасдзинады мадзæлтты фæдыл куырдиат публикаци кæны.
Парламенты куырдиаты куыд банысангонд, афтæмæй, æдасдзинады уæлæмхас мадзæлтты нысан у, гæнæн провокацитæ маруадзын, парламенты уæнгтты æмæ апараты кусджытæн кусæн уавæртæ сифтонг кæнын.
«8 ноябры, 18:00 сахатæй «Гуырдзыстоны парламенты галуаны æмæ алфæмбылай территорийыл æдасдзинад бахъахъхъæды режимы фæдыл» Гуырдзыстоны парламенты сæрдары 2016 азы 30 декабры N259/3 барамындæй бæрæг регуляцитæм гæсгæйæ, архайдзæни парламенты бæстыхаймæ бауадзыны арæнгонд режим, медийы минæвæрттæй уæлдай.
Фæнысангонд мадзалы нысан у гæнæн провокацитæ маруадзын æмæ Гуырдзыстоны парламенты уæнгты æмæ апараты кусджытæн кусæн уавæртæ ситофнг кæнын», – банысангонд у парламенты фидиуæны.
«Националон Змæлды» организацигондæй, абон 20:00 сахатыл, Сæрибары фæзыл ацæудзæн протестон акци.