Гуырдзыстоны парламент 83 хъæлæсæй, иуы ныхмæ, 2020 азы бюджет сфидар кодта.
Документы фыццагон проектæй хъауджыйæ, кæронбæттæн версийы, хардзты фадыг 221 милуан ларийæ, 14 миллиард, 432 милуан 866 мин ларийы онг райрæзтис. Уый 2019 азы бюджеты нымад бæрæггæнæнæй, 1.1 миллиард ларийæ фылдæр у.
Бюджеты социалон хардзтæн æфтауцæй рауæлдай ис 300 милуан лари. Фыццаг январæй пенситы æмæ социалон æххуысæн 20 ларийæ фæфылдæр у пълангонд, æрмæст фыццаг июлæй 70 азы æмæ уымæй хистæрдæр кары пенсионертæ, афтæма 18 азы онг кары æмæ дырысæй бæрæг амалхъомдзинад цух кæцы уæнгтæ сты, уыдон пенситæм ма ноджы 30 лари бафтаудзысты.
2020 азы бюджеты ахуыргæнджыты мыздты фæфылдæрæн рауæлдай ис 120 милуан лари. Сæрмагондæй ног азуырадон азæй, пълан кæны мыздты 150 ларийæ фæуæлдай кæнын.
Фидæн азы бюджеты афтæдæр нымадмæ ист у мыздты фæфылдæр кæнын пъæлицæйæгтæн, зынгвæдисон-ирвæзынгæнæг куысты кусджытæн, æфсæддæттæн, фыццагон æнæнизхъахъхъæды персоналæн æмæ рæвдауæндæтты персоналæн.
Бюджеты фæфылдæр сты хардзтæ инфраструктурæйыл, уый нымæцы регионон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министрады бюджет, 2 миллиард 070 милуан лари уыдзæн.
Бюджетмæ сæрфыццагæй экъономикон рæзынады фондзпроцентджын уынинаг æрцыд хаст, фæлæ æхсæнадæмон валютон фонды рекомендацийæ, йæ æрныллæгдæр кодтой 4.5 проценты онг.