Парламент 2017 азы паддзахадон бюджеты ивындзинæдтæ сфидар кодта
Парламент 2017 азы паддзахадон бюджеты ивындзинæдтæ сфидар кодта

Гуырдзыстоны парламент, цæугæ азы  паддзахадон бюджеты ивындзинæдтæ сфидар кодта.  Ивындзинæдтæн схъæлæс кодтой  89 депутат. Документы парламенты уæнгтæн пленарон рабадтыл  бавдста финансты министры хæдивæг  Гиорги Какауридзе.

2017 азы бюджет  плангонд уыд  экономикæйы   реалон рæзты  4.0% æвдисæгыл,фæлæ 10  мæйы рагафойнон æвдисæгмæ гæсгæйæ, реалон рæзт  уыдис 4.9%.  Уый тыххæй дæр  ныридæгæн бæлвырд  проектæй  экономикон рæзты  ранæуæггонд  прогноз у  4ю5% фæлæ  æнхъæлмæкæсинаг  у, цæмæй  кæронбæттæн бæрæггæнæнтæ ноджы фылдр уыдзысты.

Документмæ гæсгæ  Гуырдзыстоны 2017 азы  паддзахадон бюджеты  æфтиæгты  прогнозон  æвдисæг  11  487.2 милуан  ларийæ фæбæрæг,  кæцы бæлвырд   бæрцуатæй  фылдæр у 30  милуан ларийæ, уый  нымæцы   бюджетон  суммæты  хайы  рæзты аххæссыд  35 милуан  ларимæ.  Фиддæнты æфтиæгтæ  сты  8 980  милуан ларийы,  бæлвырдгонд планимæ абаргæйæ сфиксир ис  160 милуанæй  рæзт.

Пддзахадон бюджеты  ассигнацитæ  рæзынц  305  милуан ларийæ  æмæ фæбæрæг  сты 11 720  милуанæй.  Уый нымæцы    35 милуан  лари рауæлдай уыдзæн хъууон хæдзарадæн зианхæссæг уырынгонты ныхмæ мадзæлттæн.   Газицикацион мадзæлттæн рауæлдай уыдзæн 50  милуан лари.  Афтæдæр Гуырдзыстоны  экономикæ æмæ   æнæцудгæ тынгады   министрады бюджеты  мобилизаци скæнзсты 106 милуан ларийы, сахар Кутаисы  аэропорты, зымæджы курорты райтынг æмæ бизнесы хæдзары  арæзтадæн.

Финансты министры хæдивæгы ныхæстæм гæсгæ,  нысаниуæгджын хъусдард здæхт æрцæуа  бюджетон  дефициты бæрцуаты æрдæм.  ЙÆ информацийæ,  2017 азы  бюджет плангонд уыд  бюджеты  (модификацигонд)  дефициты  3.7% æвдисæгыл,  æрмæст бавдыст  ивындзинадæты фæстæ,  бюджетон  дефициты  æвдисæг фæкъаддæр уыдзæн  æмткæйон  мид продукты  3.4% онг,  фæлæ фактон  сæххæстмæ гæсгæйæ,  гæнæн ис   ноджы  къаддæр æвдисæгмæ дæр баххссæм.  2018 азы  бюджетон  дефициты  фæкъаддæр кæнын  плангонд у  æмткæйон мид продукты  3.0%  онг.