Паризы Мады Майрæмы аргъуан ногæй рацаразынæн, нырид æрымбырд ис иу миллиард евро
Паризы Мады Майрæмы аргъуан ногæй рацаразынæн, нырид æрымбырд ис иу миллиард евро. Уый тыххæй информацийы хъусын кæны францаг медиа.
Медийы хъусинагæй, снывонд суммæтæ фылдæр ставд компанитæй æмæ бизнесментæй æрбафтынц. Афтæма суммæ æмбырд кæны цыппар æхсæнадон фонды, кæцытæ Францы культурæйы министрад равзæрста. Культурæйы министр, Франц Риестьерийы дзырдæй, зæгъгæ скуыста веб-фарс дæр, кæцыйы руаджы дæр кæй фæнды уыдонæн, сæ бон уыдзæн, Францы сæйраг фендтаг сæндидзын кæнынæн суммæ арвитын.
Æмбырд суммæйæ Арноты бинонтæ рахицæн кодтой 200 милуан евро. Ноджы 200 милуан евро рауæлдай кæныны фæдыл компани «Лореаль» райхъусын кодта. 100 милуан евро рахицæн кодта францаг миллиардер Франсуа-Анри Пино, 100 милуан та – нефткомпани «Тотал».
Уымæй дарддæр, суммæ рауæлдай кæныны фæнд разагъта компани Эплы директор Тим Къукъ.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй Паризы Мады Майрæмы аргъуаны зынг 15 апрелы фæзынд, уый фæстиуæгæн цырты нысаниуæгджын хай базиан ис.
Францы президент Эммануэль Макрон дзырд ратта, цæмæй Паризы Мады Майрæмы аргъуан, фондз азы æмгъуыдмæ рацалцæг кæндзысты.