Гуырдзиаг æхсæг Нино Салуквадзе 10-æм Олимпиадæйы хайад исы. Уый у дунейы иунæг сылгоймаг спортсменкæ, кæцы архайдта дæс Олимпаг хъæзтыты.
Парижы 2024-æм азы уый æхсы дыууæ дæрддзæгæй. 10 метры пневматикон пистолетæй æхсынæй æвзарæн турниры уый æдæппæтæй æрæмбырд кодта 562 баллы æмæ бацахста 38-æм бынат. Хуыздæр 8 спортсмены ахызтысты финалмæ.
Дыккаг августы Нино Салуквадзе ерыс кæндзæн пистолетæй æхсынæй 25 метрæй.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Олимпиадæйы йын кæй ис иу сызгъæрин, æвзист æмæ бронзæ майдантæ. Уый рамбылдта сызгъæрин æмæ æвзист 1988 азы Сеулы Олимпиадæйы 19-аздзыдæй, райста бронзæ майдан 2008 азы Пекины Олимпиадæйы.