Гуырдзыстоны хицауад фæсарæнты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæстæмæ фыдыбæстæмæ этапгай æрыздахыны процесс дарддæр кæны. Тбилисы æхсæнадæсмон аэропорты специалон рейсæй Париз-Тбилис, фыдыбæстæмæ 176 адæймаг æрыздæхтис. Информацийы Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады пресс-куыст хъусын кæны.
Уагдоны хъусинагæй, бæлццæтты аэропорты басгæрстой, цæй фæстæ дæр специалон автоубстæй, карантины тыгъдадмæ аластой, цы ран уыдон 14 бонон æнæмæнгхъæугæ карантин арвитдзысты æмæ 24-сахатон медицинон цæстдарды бын уыдзысты.
«Коронавирусы ахæлиуы превентивон мадзæлтты фæлгæтты, хицауады координацион советы уынаффæйæ æмæ хицауады уагæвæрдæй, экономикæйы министрады тиуризмы националон администраци организаци скодта Гуырдзыстоны масштабæй ацы рæстæгмæ 104 фысымуаты карантины тыгъдадтæ. Абоны бонмæ карантины тыгъдадты 5717 адæймаг уæвы», – банысангонд у экономикæйы министрады информацийы.