Париз 2024| Сегасдæр  хуыздæр фæстиуæг хæдбар  Гуырдзыстоны  историйы – нæ  делегаци   Олимпиадæйыл  æртæ  сыгъзæрин, æртæ æвзист æмæ иу  бронзæ  майдан   рамбылдта #1TVSPORT
Париз 2024| Сегасдæр хуыздæр фæстиуæг хæдбар Гуырдзыстоны историйы – нæ делегаци Олимпиадæйыл æртæ сыгъзæрин, æртæ æвзист æмæ иу бронзæ майдан рамбылдта #1TVSPORT

Гуырдзыстоны  Олимпион  майданты  иумæйаг бахыгъды   Паризы 2024 азы сæрды  хъæзтытæ  24-æм бынат бацахста.

Паризы Олимпиадæ нæ бæстæйæн   хæдбарады  историйы  сегасдæр  æнтыстджын  рауад. Гуырдзыстон æртæ  сыгъзæрин,  æртæ  æвзист  æмæ иу  бронзæ майдантæ  рамбылдта.

Дзюдо –  Лаша Бекаури (сыгъзæрин),  Тато Григалашвили, Илиа Суламанидзе  (æвзист)

Атлет –  Лаша  Тъалахадзе (сыæгъзæрин)

Уæгъдибар стилæй  хæст –  Гено Петриашвили (сыъзæрин), Гиви Мачъарашвили  (æвзист)

Бокс –  Лаша Гурули (Бронзæ)

Гуырдзыстоны олимпион  æмбырдгондæн Париз 2024-ы онг   сгасдæр æнтыстджын  Пекин 2008  уыдис,  кæцы рæстæджы  æртæ  сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ дыууæ бронзæ  рамбылдтам.

Паризы Олимпиадæйыл  сегасдæр хуыздæр фæстиуæг та   АИШ равдыста –   америкаг   спортсментæ æмтгæй  райсгæйæ  40   сыгъзæрин, 44 æвзст æмæ 42  бронзæ  рымбырд кодтой.