Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Папуашвили Шалва визитæй Женевæмæ ацыд.
Гуырдзыстоны парламенты пресс-куысты информацийæ, Папуашвили Шалва парламентты сæрдарты конференцийы хайад райсдзæн. Афтæ дæр плангонд у парламенты сæрдары генералон дебатты хайад райсын, цы ран Шалва Папуашвили раныхас кæндзæн.
«Визиты фæлгæтты Шалва Папуашвили парламентты сæрдартимæ бæрзонд æмвæзады фембæлдтæ ауадздзæн, конференцийы æмæ фембæлдты хайад райсдзæн парламентон делегацийы уæнг æмæ Гуырдзыстоны парламенты æттаг æмахастыты комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе» – ис фыст Гуырдзыстоны парламенты информацийы.