Парламенты сæрдар Шалва Папуашвили официалон визитæй делегациимæ иумæ Индийы сæйраг сахар Нью-Делимæ ацыд.
Гуырдзыстоны парламенты информацийæ, парламенты сæрдар Нью-Делийы бæрзонд рангы фембæлдтæ сырæздзæн.
«Шалва Папуашвили фембæлдзæн Индийы парламенты дæллаг æмæ уæллаг палатæты сæрдартимæ, афтæ дæр æххæстгæнæг хицауады бæрзонд рангы бæрнонтимæ.Гуырдзыстон-Индийы дыууæфарсон ахастыты историйы Гуырдзыстоны бæрзонд рангы бæрноны фыццаг официалон визит у» – ис фыст Гуырдзыстоны парламенты расидæны.
Папуашвили Шалвайы сæргълæудæй парламентон делегацийы сконды сты: æттаг ахастыты комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе, экономикон политикæйы комитеты сæрдар Берекашвили Шота, Индиимæ хæлардзинады къорды къухдариуæггæнæг Чъигогидзе Васил æмæ Гуырдзыстоны Бæллицты æмбырды сæрдары хæдивæг Грета Цава.