Папуашвили Шалва æхсæнпарламентон цæдисы (IPU) 150-æм ассамблейы куысты хайад райсдзæн
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвилийы сæргълæудæй, парламентон делегаци 5-8 апрелы æхсæнпарламентон цæдисы (IPU) 150-æм ассамблейы куысты хайад райсдзæн, кæцы Узбекистаны сæйраг сахар Ташкенты сырæздзæн.
Визиты фæлгæтты Гуырдзыстоны парламенты сæрдар ассамблейы рабадтыл раныхас кæнын плангонд у, афтæ дæр Папуашвили Шалва парламентты сæрдартимæ дывæрсыг фембæлдтæ ауадздзæн.
Парламенты сæрдары æмрæнхъ, Гуырдзыстоны парламентон делегацийы сконды сты: æттаг ахастыты комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе æмæ алфæмблайы хъахъæды æмæ æрдзон ресурсты комитеты сæрдар Битадзе Майя.