Папа Лео XIV – ахæстоны бадæг журналистты хъизæмæрттæ сты адæмты æфсармæн, дунеон æмæхсæнадæн ныхмæлæуд æмæ нæм сиды, цæмæй бахъахъхъæнæм зынаргъ лæвар ныхасы æмæ мыхуыры сæрибардзинад
Папа Лео XIV – ахæстоны бадæг журналистты хъизæмæрттæ сты адæмты æфсармæн, дунеон æмæхсæнадæн ныхмæлæуд æмæ нæм сиды, цæмæй бахъахъхъæнæм зынаргъ лæвар ныхасы æмæ мыхуыры сæрибардзинад

Пап Лео XIV æрсидтис ахæстоны уæвæг журналистты ссæрибар кæнынмæ, – уый фæдыл Ватиканы журналисттимæ фембæлды рæстæджы расидтис.

«Ацы ахæстоны бадæг журналистты хъизæмæрттæ сты адæмты æмæ дунеон æмæхсæнады æфсармæн ныхмæлæуд æмæ сиды не ‘ппæтмæ дæр бахъахъхъæнæм ныхасы æмæ мыхуыры сæрибардзинады зынаргъ лæвар», – райхъусын кодта Пап.

Журналистты хъахъхъæды комитеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ивгъуыд азы кæронмæ æнæхъæн дунейы 361 журналист ахст уыд.

Пап афтæ дæр фæныхас кодта конфликты аиуварс кæныны æнæмæнгхъæуындзинадыл.

«Сабырдзинад махæй алкæмæй дæр райдайы: иннæтæм куыд кæсæм, иннæтæм куыд хъусæм æмæ иннæты тыххæй куыд дзурæм, уымæй. Уыцы æгъдауæй, куыд ныхас кæнæм, уымæн ис бындурон нысаниуæг. Мах хъуамæ зæгъæм «нæ» дзырдты хæстæн», — загъта Лео XIV.

Медиимæ фембæлды рæстæджы Понтифик фæныхас кодта искусственон интеллекты фарстайыл дæр, банысан кодта, цæмæй йæ пайда кæнын хъуамæ уа бæрнон.