Панкисы комы асджынтæн бавдыстæуыд спецоперацийы рæстæджы ахæстты фæдыл аудио æмæ видео æрмæг
Кахеты губернаторы Ираклий Кадагишвилийы фидиуæнæй, ПÆК-ы Панкисы комы уагъд спецоперацимæ гæсгæ, комы асджынтимæ фембæлд сырæзт. ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, фембæлдыл сын бавдыстой аудио æмæ видео æрмæг, кæцыты мидæг ПÆК-ы ахст уæнгты терроризмы аххосагимæ бастдзинад у æвдыст.
«Телауы уыд фембæлд, кæцыйыл сын Панкисы сæххæст спецоперацийы тыххæй информаци базонын кодтам. Афтæдæр уыцы темæйыл, цæмæй цы хуызæн баст уыдысты ахæсттæ уыцы террористон фыдгæнæг къордимæ, кæцыйы ликвидаци æрцыд Габриел Салосы уынгыл. Фембæлд æнæмæнгхъæугæ уыд.
Уыдон федтой, цæмæй информацийæ- кæцы сæм æвæрд æрцыд – ай уыд бæрæг аудио æмæ видео æрмæг, кæцыйы мидæг зындис ахæст уæнгтæ баст кæй уыдысты террористон къорды уæнгтимæ æмæ райстой детаон объективон информаци. Ай у иттæг нысаниуæгджын,цæмæй исты инсинуацитæ, провокацион фидиуæнтæ æмæ а.д. ситуацийы карзгæнæгн исты ма æрцыдаит комы, уæмæн æмæ амы цæрджыты абсолютон фылдæры хай сты, асджынты æххæст сконд кæй зæгъын æй хъæуы сты бæстæйы æмæ паддзахадон интересты, сабырады фарсхæцæг» – расидтис Ираклий Кадагишвили.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, æрмæджытæй бæрæг у комкоммæ бастдзинад фыдгæнæг къордимæ.
Панкисы комы ПÆК терроризмы финансдзинады, террористон куыстæн æндæр материалон æххуысы æмæ рексурсытæй ифтонг кæныны аххосагæй, 5 уæнгы рацахста.
«Темирлан Мачаликашвили ахсты рæстæджы бахъавыд фбыцæу уыдиат барадхъахъхъæнджытæм, сæрмагондæй та бацархайдта гранатæ скусын кæнын, кæцы рæстæджы дæр фыдгæнæгон архайдæй баиргъвынæн æнæмæнхъæугæ ссис пропорцион тыхæй спайда кæнын æмæ сырæзт æхст Темирлан Мачаликашвилийы æрдæм, кæцыйы фæстиуæгæн, фæнысангонд уæнг фæцæф ис» – хъусын кæнынц ПÆК-ы.