Панкисы Комы акцийы хайадисджытæ куывд æххæст кæнынц æмæ райдыдтой цатыртæ æвæрын [фото]
Панкисы Комы Биркианы хъæуы акцийы хайадисджытæ кувынц. Уыдон проетст бауромын нæ хъуавынц æмæ райдыдтой цатыртæ æвæрын.
Бынатыл ацы рæстæгмæ уавæр сабыр у. Акцмйы хайадисджыты хай Телауы полицийы уагдонмæ ацыдысты, цы ран МХ министры хæдивæгимæ иумæ, фарстайы фæдыл бадзырдтæ аразынц.
Биркианы хъæуы сты спецнысаниуæгы балы минæвæрттæ. Афтæдæр акцийы хайадисджытæ. ГЭС-ы арæзтады куыстытæ ацы рæстæгмæ урæд сты. Акцийы хайадисджытæ ГЭС-ы арæзтад протест кæнынц. Сæ ныхæстæм гæсгæ, ГЭС хъæуы экосистемæ скуынæг кæндзæн.
Панкисы комы ГЭС арæзтадыл кусæг тракторы куыст фæкуылымпы кæнын бацархайдта бынæттон цæрджыты хай, кæцыйы фадат сын барадхъахъхæнджытæ нæ раттой. Акцийы хайадисджытæ специалон нысаниуæгы балыл дуртæ æхсын райдыдтой. Спецназ æрымбырдуæвджыты ныхмæ цæссыгуадзæн газ ауагъдта. Бынæттонтæ дзурынц, цæмæй зæгъгæ полици сæ ныхмæ резинæйæ нæмгуытæй спайда кодта.