Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куысты хистæр, Григол Лилуашвили парламенты афæдзон хыгъдлæвæрд кæсыны рæстæджы райхъусын кодта, цæмæй абон Гуырдзыстонæн номыр фыццаг быцæусидт у Уæрæсейаг оккупаци.
«Лæмбынæг уавæр нæ фæивдта иуæн территорийыл дæр, цы ран Гуырдзыстоны хицауадмæ эффектонæй контрол æххæст кæныны фадат рæстæгмæ нæй. Фæбæрæг ис æртæ сæйраг пункт, кæцыйы æххæст кæны Уæрæсейы Федераци оккупацийы фæлгæтты, ай у фыццаг – уырыссаг анекси æмæ куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр территориты сæхи контролы дæлбар бакæнын. Афтæдæр нысаниуæгджын у, цæмæй анексийы уавæрты оккупацигонд территоритыл уæвæг уæззау социалон-экономикон уавæр уырыссаг фарсæн дæтты фадат, цæмæй эффектон контролы бын бакæна уæвæг де-факто хицауадтæ æмæ сын райсын кæна йæхицæн фæндон уынаффæтæ.
Дыккаг – ай у гибридон хæсты фæлгæтты уагъд процесс, кæцы баст у æнæзаконон бордеризациимæ, æнæзаконон æрцахстытимæ æмæ алы уыцы инцидентимæ, кæцы æххæст цæуы куыд дзырдæй дихгæнæг хаххмæ хæстæг, афтæ оккупацигонд территориты мидæг.
Æртыккаг – фæбæрæг ис тынг цымидисон тенденци, кæцымæ кæсæм куыд быцæусидтмæ, афтæ уый у уырыссаг фарсы архайд, цæмæй бæрнæй йæхи аиуварс кæна, раиу уа бадзырдты процессæй куыд хицæн фарс. Тынг популярон ссис фæстаг рæстæджы ныхас, ома комкоммæ диалог нын хъуамæ уа нæ абхазаг æмæ ирон æфсымæртимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ у, семæ хъуамæ ныхас кæнæм, фæлæ тынг арæхсгай, цæмæй ацы бадзырдты нæ кæрæдзийы ныхæй ныхмæ ма баззайæм æмæ бæрнæй йæхи аиуварс кæна тых, кæцы реалонæй æххæст кæны эффектон контрол ацы территоритыл», – райхъусын кодта Лилуашвили.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ уырыссаг æфсæддон иугæндтæ дыууæдæр территорийыл дардæр кæнынц сæ æнæзаконон уæвын. Уымæ ма æфты уыцы факт, æмæ 120 –ы онг æфсæддона хуыр ауагъдтой, кæцы цæй зæгъын æй хъæуы æнæзаконон у, æмæ рæзын кæны рискытæ æнæ æрмæст нæ бæстæйы, фæлæ ма Кавказы æнæхъæнæй.
Лилуашвилийы дзырдæй, бынтон хъауджы уавæр ис Цхинвалы регионы, цы ран абсолютонæй æхгæд у алыгъуызон змæлд.
«Нæ æмбæстонтæм, цыфæнды аххосæй не фты рахизыны фадат, уый нымæцы нæдæр гуманитарон, æнæнизхъахъхъæды æмæ æндæр æрдгæй. Уый тыххæй дæр, уымы цæрджыты, уым цæрæг адæмы ахаст, уым архайæг режимты æрдæм нæу æвæрццаг, уыдон домынц сæрибардзинад, афтæ куыд Гуырдзыстоны иннæ рæттимæ ахастыты, æмбæстæгтимæ ахастыты, афтæдæр фылдæр сæрибардзинад уынаффæ рахæссыны процессы. Фæлæ мах уымæй псевдоиллюзитæ ма хъуамæ скæнæм, цæвиттон кæцыдæр регионы срæгъæд ис ахаст афтæ, цæмæй гарантиргондæй нæ бон бауа ацы ахастытæ нæхи пайдайæн сфæлхас кæнæм. Сæрмагондæй та уый зыны Цхинвалы регионыл, цы ран а.х. хицауадмæ, æмæ цæрджыты фылдæры хайæн дæр ницы претензитæ ис, уыцы фарсты тыххæй, цæмæй иу бон, гæнæн ис Уæрæсейы Федерацийы скæнæг хайæ фестой, уымæй фылдæр сæ а.х. хицауад сæ удцырын кæны ацы идеяйæ, фæлæ хъауджы ахаст ис а.х. хицауадмæ æмæ йæ къухдариуæггæнæгмæ Абхазы территорийыл, цы ран уыдон æнæуæлдай ныхасæй разы не сты Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бахизыны идеяимæ. Уымæй фылдæр, уыдис сæм фæндон, цæмæй ма рцыдаит Уæрæсейы æрдгæй тынг карз фарстæтæ бавдыст, куыд ультиматум, уый бæсты, цæмæй зынбонтæ æрвитæг адæмы социалон-экономион уавæртæ фæхуыздæр кæныны хардзыл æрцыдаит Уæрæсейæн пайдаджын уынаффæтæ тыххæй бахъарын æмæ стæй сæ аскуыддзаг кæнын. Уый та фæбæрæг ис фыццаджы дæр, уыцы миниуджытæй, æмæ сæ тыхыбын кодтой законмæ ивддзинад бахæссын, кæцы фенцондæр кодтаит Абхазы æмбæстагад раттын Уæрæсейы æмбæстæгтæн, афтæдæр ратдаит Уæрæсейы æмбæстæгтæн фылдæр сæрибардзинад балхæнын æнæзмæлгæ мулк æмæ инвестицитæ нывæрын Абхазы курортон зонæты. Уæз уыд егъау æмæ фæстагмæ, хъыгагæн, ацы фарсты фæдыл сразымæ сæ тыхыбын бакодтой», – райхъусын кодта Лилуашвили.