ПÆК-ы хъусинагæй, Уæрæсейы оккупацион тыхты минвæрттæ хъæу Ахалубаны цур, оккупацигонд территорийыл Гуырдзыстоны æмбæстагы æнæзакъононæй æрцахстой
Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæрттæ Гуры мниципалитеты хъæу Ахалубаны цур, окупацигонд территорийыл Гуырдзыстоны æмбæстагы æнæзакъононæй æрцахстой. Информаци хъусын кæны паддзахадон æдасдзинады куыст.
ПÆК-ы хъусинагæй, фæнысангонд инциденты фæдыл информаци райстæй уайтагъд, паддзахадон æдасдзинады куыст фæактивон кодта Евроцæдисы цæстдарæг миссийы «тæвд хахх».
«Информаци æнæзакъонон æрцахсты радон факты фæдыл æнæаргъæвгæйæ фехуъсын кодтам Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæн æмæ æхсæнадæмон партнертæн.
Скусын кодтам алы уæвæг механизм æнæзакъононæй ахст Гуырдзыстоны æмбæстагы цыбырдæр æмгъуыдтæм ссæрибар кæнынæн.
Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл, афтæ куыд оккупацион хаххы дæргъмæ сæххæст алы деструктивон архайдыл бæрн æвæрд цæуы Уæрæсейы оккупацион тыхтыл» – банысангонд у уагдоны информацийы.