ПÆК-ы хъусинагæй, Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæрттæ, хъæу Ахалубанмæ хæстæг, Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстагы æнæзакъононæй æрцахстой
Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæрттæ Гуры муниципалитеты хъæу Ахалубанмæ хæстæг, Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстагы æнæзакъононæй æрцахстой. Информаци хъусын кæны паддзахадон æдасдзинады куыст.
Уагдоны хъусинагæй, инциденты фæдыл информацийы райсынæй уайтагъд, паддзахадон æдасдзинады куыст фæактивон кодта Евроцæдисы цæстдарæг миссийы тæвд хахх.
«Æрцæугæ æнæзаконон архайды фæдыл информаци лæвæрд уыд æхсæнадæмон партнертæм æмæ Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæм.
Ацы этапыл скуыста алы уæвæг механизм æнæзакононæй æрцахстуæвджыты цыбырдæр æмгъуыдтæм ссæрибар кæнынæн.
Оккуапцигонд Гуырдзыстоны Территоритыл афтæ куыд оккупацион хаххы дæргъмæ сыххæст алы деструктивон архайдыл, бæрн æвæрд цæуы Уæрæсейы оккуапцион тыхыл», – банысангонд у ПÆК-ы информацийы.