ПÆК-ы хъусинагæй, Уæрæсейы оккупацион тыхты æнæзакъононæй æрцахстуæвæг Лаша Хетерели нырид сæрибар у
Уæрæсейы оккупацион тыхты æнæзакъононæй æнæцахстуæвæг Лаша Хетерели сæрибар у. Уый фæдыл информаци, паддзахадон æдасдзинады куыст хъусын кæны.
Уагоны информацийæ, Хетерелийы æнæзакъонон æрцахсты тыххæй, паддзахадон æдасдзинады куыст иудадзыг коммуникацийы уыдис тæвд хаххы фæрцы.
«Фæнысангонд процессы баст уыдысты Гуырдзыстоны Евроцæдисы мониторингы мисси (EUMM) æмæ Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæ.
Лаша Хетерелийы æнæзакъонон æрцахсты æмæ йæ æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæныны фарста централон хицауад регуляронæй æвæрдта инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмты (IPRM) æмæ Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы форматты цæугæ фембæлдтыл.
Паддзахадон æдадсзинады куыст активонæй дарддæр кæны кусын оккупацигонд территорийыл æнæзакъонон ахсты уæвæг алы гоймагы ссæрибар кæнынæн», – банысангонд у ПÆК-ы информацийы.