ПÆК-ы хъусинагæй, Гуры муниципалитеты хъæу Адзвийы цур, Уæрæсейы оккупацион тыхты æнæзакъононæй æрцахстуæвæг Теймураз Хомасуридзе сæрибар у
Уæрæсейы оккупацион тыхтæ Гуры муниципалиетты хъæу Адзвийы цур территорийыл æнæзакъононæй куы æрцахстой Теймураз Хомасуридзейы, уый нырид сæрибар у æмæ уæвы централон хицауады контролгонд территорийыл. Информаци уый тыххæй хъусын кæны паддзахадон æдасдзинады куыст.
ПÆК-ы информацийæ, Теймураз Хомасуридзейы æнæзаконон ахстæй ссæрибары процессы, активонæй пайда кодтой куыд Гуырдзыстоны Евроцæдисы монторингы миссийы (EUMM) опериргонд «тæвд хаххы» механизмæй, афтæ централон хицауадмæ уæвæг алы релеантон инструментæй.
«Оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты æмæ оккупацион хаххы дæргъмæ сæххæст алы деструктивон архайдыл бæрн æвæрд цæуы оккупацигæнæг тыхыл.
Централон хицауад, æхсæнадæмон партнертимæ иумæ, дарддæр кæны активон кусын оккупацгонд территоритыл æнæзакъонон ахсты уæвæг Гуырдзыстоны алы æмбæстагы ссæрибар кæнынæн» – банысангонд у ПÆК-ы информацийы.