Паддзахадон æдасдзинады куысты хистæр Григол Лилуашвили, Хуссар Кавказ æмæ Гуырдзыстоны кризисты фарстаты Евроцæдисы специалон минæвар æмæ Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдар – Тойво Клааримæ фембæлд. Мадзалыл уыдысты Паддзахадон æдасдзинады куысты хистæры хæдивæг Александре Ходжеванишвили, Информацион-аналитикон департаменты директор Гиорги Сабедашвили æмæ йæ хæдивæг Ираклий Антадзе.
ПÆК-ы пресскуысты хъусинагæй, фарсытæ æркастысты оккупацигонд территориты æмæ оккупацион хаххы дæргъмæ сырæзт уавæр æмæ фæуынаффæ кодтой æдасдзинады сферæйы уæвæг уавæры тыххæй. Хъусдард здæхт æрцыд Евроцæдисы, куыд Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты æмсæрдары ролы æрдæм. Хаххгондæй банысан ис Евроцæдисы цæстдарæг миссийы оккупацигонд территоритæм уæгъдибарæй бацыды нысаниуæг. Сæрмгаонд хъусдард здæхт æрцыд бадзырды уæвæг форматты, сæрмагондæй та Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмæ инцидентты маруадзыны механизмы потенцалæй эффективонæй спайда кæныны æмæ йæ апарахат кæныны æнæмæнгхъæугæ кæй у, уый æрдæм.