ПÆК-ы информацийæ, Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæрттæ Никозы хъæуы цур, оккупацигонд территорийыл Гуырдзыстоны æмбæстагы æнæзакъононæй æрцахстой
Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæрттæ, Гуры муниципалитеты хъæу Никозы цур, оккупацигонд территорийыл æнæзакъононæй æрцахстой Гуырдызстоны æмбæстагы, – уый фæдыл Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куысты ахæлиугонд информацийы дзырдæуы.
«Фæнысангонд инциденты фæдыл информаци райстæй уайтагъд, паддзахадон æдадсзинады куыст фæактивон кодта евроцæдисы цæстдарæг миссийы тæвд хахх. Инциденты фæдыл æнæаргъæвгæйæ фехъусын кодта æхсæнадæмон партнертæн æмæ Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæн.
Скусын кодтам алы архайæг механизм æнæзакъононæй æрцахстуæвæг Гуырдзыстоны æмбæстагы цыбырдæр æмгъуыдтæм ссæрибар кæнынæн», – дзырдæуы ПÆК-ы информацийы.
ПÆК-ы банысан кодтой, цæмæй оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл, афтæ куыд оккупацион хаххы дæргъмæ сæххæст алы деструкцион архайдыл бæрн æвæрд цæуы оккупацион тыхыл.