ПÆК-ы информацийæ, Уæрæсейы оккупацион тыхты æнæзокононæй азст Тамаз Пситидзе æмæ Зураб Петриашвили нырид ссæрибар сты
Гуры муниципалитеты хъæу Ахалубанмæ хæстæг уырыссаг оккупацион тыхтæ, знон æнæзакъононæй Гуырдзыстоны цы дыууæ æмбæстагы æрцахстой – Тамаз Пситидзе æмæ Зураб Петриашвили, удон нырид ссæрибар кодтой æмæ сты Гуырдзыстоны централон хицауады контролгонд территориыл.
Информацийы хъусын кæны паддзахадон æдасдзинады куыст.
«Фæнысангонд уæнгты æнæзакъонон æрцахсты тыххæй информаци райстæй уайтагъд фæактивон ис Евроцæдисы цæстдарæг миссийы опериргонд «Тæвд хахх» æмæ скуыста централон хицауадмæ уæвæг алы хъæугæ механизм. Информаци лæвæрд уыд Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæм æмæ æхсæнадæмон партнертæм. Фæнысангонд процессы æвæрца баст уыдис Гуырдзыстоны Евроцдисы цæстдарæг мисси (EUMM).
Оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты æмæ оккупацион хаххы дæргъмæ сæххæст деструктивон архæйдтытыл æххæстæй бæрн æвæрд цæуы Уæрæсейы оккупацион тыхтыл. Централон хицауад, æхæнадæмон партнертимæ иумæ, дарддæр кæны активон кусын æнæзакъонон ахсты уæвæг алы гоймагы ссæрибар кæнынæн оккупацигонд Цхинвалы регионы æмæ оккупацигонд Абхазы дæр», – дзырдæуы ПÆК-ы информацийы.