ПÆК - В.Б. ахст у заказæй марындзинад æрцæттæйы хъуыддаджы фæлгæтты, курæг стæм алкæмæй, ма ахæлиу кæнæт æнæбæлвырд информаци
Паддзахадон æдасдзинады куысты хъусын кæнынц, цæмæй В.Б, ахст у барæй, пълангодæй марындзинад æрцæттæйы хъуыддаджы фæлгæтты æмæ сидынц алкæмæ, æнæбæрæг информаци ахæлиу кæнынæй сæхи бауромой.
«Медиафæрæзтæй арызт т фидиуæнты тыххæй, фæнды нæ фехъусын уын кæнæм, цæмæй паддзахадон æдасдзинады куысты контртеттрористон центр, мæнг документаци балхæд-бавæрыны æмæ пайда кæныны аххосагæй, Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 362-æм статийы фыццаг хайæ, ахст æрцыд Уæрæсейы Федерацийы æмбæстаг.
Зылынмæ лæвæрд В.Б.-йы æрцахст сæххæст ис закказæй марындзинад æрцæттæйы фактыл райдайгæ тугтæрхоны барады хъуыддаджы фæдагуырды фæлгæтты, кæцыйы паддзахадон æдасдзинады куысты контртеррористон центр, æмбæлгæ оперативон информацийыл æнцойæ æххæст кодта.
Фæнысангонд тугтæрхонды барады хъуыддагы фæдагуырды процесы, бæлвырдгæнæнтæ самал кæныны æмæ тугтæрхоны барады процессон æгъдауæй се сфидар кæныны нысанæн, тæрхонгæнæджы уынаффæты бындурыл, уагъд æрцыд бирæ æргом кæнæ сусæг фæдагуырæн мадзал; афтæма, æнæаскуынгæ режимы цыдис зылынмæ лæвæрды æмæ йемæ контакты уæвæг уæнгты оперативон контроль, кæцыйы фæстиуæгæн дæр фæбæрæг ис, В.Б.-ы æрдгæй, фыдракæнды, сæрмгаондæй та, мæнг документацийы балхæд-бавæрын æмæ пайда кæныны факт. Фæдагуырд цы æнæфæсайгæ æмæ кæрæдзийыл бадгæ бæлвырдгæнæнтæ самал кодта, уыдоныл æнцойæ, фæдагур оргæн рахаста В.Б.-ы æрцахсыны фæдыл уынаффæ, кæцыйы фæстиуæгæн, иу æрдгæй, тугтæрхоны барады дзуаппмæ лæвæрд æрцыд фыдракæнды раргомгонд уæнг æмæ иурæстæгонæй, бантыстис ноджы уæззаудæр фыдракæнд маруадзын. Фæнысан кæнын хъæуы, цæмæй ацы этапыл хъуыддагыл цæуынц интенсивон фæдæвзарæн мадзæлттæ, нысангонд у цалдæр экспертизæ, æхсæнадæмон æмгуыстады фæлгæтты, интерполы каналты фæрцы, бацагуырд æрцыд уæлæмхас информаци, цæуы æвдисæнты æрфарст.
Уæлдæрбанысангонды тыххæй, паддзахадон æдасдзинады куыст сиды алы гоймагмæ дæр, сæ нымæцы тугтæрхоны барады хъуыддаджы фарсытæм, сæхи бауромой цыфæнды хуызы, æнæбæлвырд кæнæ бæрæг информацийы хæлиу кæнын, цæмæй ма фæкуылымпы кæной фæдагуырд æмæ фæдагурдæн бындурон нысаниуæгджын кæнæ мæнг информаци ма ахæлиу уа, кæцы фæстагмæ знаггадгæнæг уыдзæн хицауадон имнтересæн, хъуыддагыл сбæлвырд уа объективон æцæгдзинад»- банысангонд у ПÆК-ы ахæлиугонд фидиуæны.