ПÆК- Уæрæсейы оккупацион тыхты æнæзакононæй ахст Леван Мачабели сæрибар у
Уæрæсейы оккупацион тыхтæм цæугæ азы 26 март æнæзакъононæй æрцахстуæвæг Леван Мачабели сæрибар у æмæ централон хицауады контролгонд территорийыл ис, – уый фæдыл информаци хъусын кæны паддзахадон æдасдзинады куыст.
ПÆК-ы хъусинагæй, Леван Мачабелийы æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæныны фæдыл Гуырдзыстоны централон хицауады æркуырдæй, активонæй архайдтой куыд «тæвд хаххы» механизмæй, афтæма централон хицауадмæ уæвæг алы æндæр инструменттæй.
«Йæ æнæзаконон ахстæй ссæрибар кæныны фарста регуляронæй каст цыд инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагир кæныны механизмты (IPRM) форматы, æрмæст информаци иудадзыг режимы лæвæрд цыд Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæм æмæ æхсæнадæмон партнертæм.
Централон хицауад дарддæр кæны активон кусын æнæзакъононæй ахст Гуырдзыстоны æндæр æмбæстгты ссæрибар кæнынæн, куыд оккупацигонд Цхинвалы, афтæ оккупацигонд Абхазы æрдæмадæй.
Оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты æмæ оккупацион хаххы дæргъмæ сæххæст деструктивон архæйдтытыл æххæст бæрн æвæрд цæуы оккупацион тыхтыл», – банысангонд у паддзахадон æдадсзинады куысты информацийы.