ПÆК- Уæрæсейы оккупацион тыхты æнæзакъононæй æрцахстуæвæг Алекси Адеишвили сæрибар у æмæ централон хицауады контролгонд территорийыл ис
Уæрæсейы оккупацион тыхтæ оккупацигонд хъæу Ахмаджы цур æнæзакъононæй куы æрцахстой Алекси Адеишвилиййы уый нырид сæрибар у æмæ централон хицауады контролгонд территорийыл ис, – уый фæдыл информаци хъусын кæны паддзахадон æдасдзинады куыст.
«Алекси Адеишвилйы æнæзакъонон ахстæй ссæрибары процессы активонæй куыст цыдис куыд Гуырдзыстоны Евроцæдисы мониторингы миссийы (EUMM) сæрмагонд æмархайдæй кусæг «тæвд хаххы» механизмы фæрцы, афтæ централон хицауады къухты уæвæг алы релевантон инструментæй. Гуырдзыстоны централон хицауад инфрмацийы иудадзыг режимы дæтта æхсæнадæмон партнертæн.
Фарста Гуырдзыстоны централон хицауад слæууын кодта инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмы (IPRM) форматы фæлгæтты уагъд фембæлдтыл.
Оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты æмæ оккупацион хаххы дæргъмæ сæххæст алы деструктивон архайдыл бæрн æвæрд цæуы оккупацион тыхыл.
Централон хицуад æхсæнадæмон партнертимæ иумæ арддæр кæны активон кусын оккупацигонд территоритыл æнæзакъонон ахсты уæвæг Гуырдзыстоны алы æмбæстагы ссæрибар кæнынæн», – банысангонд у ПÆК-ы информацийы.