ПÆК публикаци кæны аудионыффыст, кæцыйы мидæгуагдоны хъусинагæй, Малхаз Мачаликашвили йе фсымæры лæппуимæ теракты æрцæттæйы кой кæны
Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куыст публикаци кæны аудионыффыст, кæцыйæ дæр ПÆК-ы куыд дзурынц афтæмæй, бæлвырд кæны Малхаз Мачаликашвили террористон акты организаци кæй кодта уый.
ПÆк-ы информацийæ, аудионыффыст ныхас кæнынц Малхаз Мачаликашвили æмæ йæ фсымæры лæппу Морис (Гусеин) Мачаликашвили.
Паддзахадон æдасдзинады куысты абон сырæзт фидиуæн, ома рæбæрæг ис Малхаз Мачаликашвилийы хъавд террористон акты æрцæттæйы фæндагæй цалдæр уæнгы марындзинады фæдыл.
ПÆк-ы хъусинагæй, фыдгæнæг хъавдмæ гæсгæйæ, террористон акт сæххæст кæнын план кодта Дедоплисцъхъаройы районы Земо Мачхаанийы хъæуы, паддзахадон æдасдзинады куысты хистæры раздæры хæдивæгы, Иосеб Гогашвилийы фыды уæлмæрдыл, Иосеб Гогашвилийы æмæ йемæ уæвæг уæнгты бацыды рæстæджы, кæцыйы фæстиуæгæн сыххæст уыдаит фæнысангонд уæнгты æмæ æндæр æмбæстæгты царды фæныхылд.
«Паддзахадон æдасдзинады куыстæн бæрæг куы ыссис Малхаз Мачаликашвилийы фыдгæнæгон хъавды тыххæй, ацы фыдракæндæй хи бахизыны нысанæй, хъуыддаджы гæнæн фигуранттыл, къуындæг оперативон цæстдарынады параллелонæй, уагъд æрцыд превентивон равгы æндæр мадзæлттæ дæр, сæ нымæцы æдасдзинады мадзæлттæ фæкарздæр сты Иосеб Гогашвилийы æмæ йæ бинонты уæнгты æрдæм. ФÆдагуырды ацы этапыл райсгæ бæлвырдгæнæнтæй, æнæфæсайгæйæ бæлвырд кæны, цæмйæ 2019 азы 23 марты, йехæдæг Малхаз Мачаликашвили ратта амынд Морис Мачаликашвилийæн, цæмæй ацы фæстаг алы куыстæй йæхи аиуырдæм кодтаит æмæ бакуыстаит æрмæстдæр иу гоймагыл – Иосеб Гогашвилийыл. Морис Мачаликашвили хъуамæ сбæлвырд кодтаит Иосеб Гогашвилийы цæрæн хæдзары адрис, йæ змæлды маршруттæ æмæ афтæдæр абалц кодтаит земо Мачхаанийы хæъуы уæлмæрдмæ, цæмæй базыдтаит Иосеб Гогашвилийы фыды ингæн кæм ис уый æмæ айстаит къамтæ, æрмæст райсгæ информацийы бындурыл, малхаз Мачаликашвили сплан кодтаит æндæр архæйдтæ» – хуъсын кæнынц ПÆК-ы.