ПÆК - оккупацигонд хъæу Ахмаджмæ хæстæг Уæрæсейы оккупацион тыхтæ æнæзакъононæй æрцахстой Гуырдзыстоны æмбæстагы
Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæрттæ оккупацигонд хъæу Ахмаджы цур æнæзакъононæй æрцахстой Гуырдзыстоны æмбæстагы, – уый фæдыл информацийы, Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куыст хуъсын кæны.
«Фæнысангонд инциденты фæдыл информаци райстæй уайтагъд паддзахадон æдадсзинады куыст активизаци скодта Евроцæдисы цæстдарæг миссисйы тæвд хахх. Информаци æнæзакъонон æрцахсты фæдыл æнæаргъæвгæйæ уыд лæвæрд Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæм æмæ æхсæнадæмон партнертæм.
Скусын кодтам алы уæвæг механизм æнæзакъононæй ахст Гуырдзыстоны æмбæстагы цыбырдæр æмгъуыдтæм ссæрибар кæнынæн.
Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл, афтæ куыд оккупацион хаххы дæргъмæ сæххæст алы деструктивон архайдыл бæрн æвæрд цæуы Уæрæсейы оккупацион тыхтыл», – банысангонд у ПÆК-ы информацийы.