ПÆК - Ломисы фыдты моладзандоны алфæмбылай территорийæ дыууæ гоймагы скъæфтиы фæдыл информиргонд у Евроцæдисы цæстдарæг мисси
Ломисы фыдты моладзандоны алфæмбылай территорийæ, уырыссаг æфсæддæттæ цы дыууæ гоймагы æрцахстой уыцы факты бæлвырд кæнынц Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады департаменты.
Фыццаг Къаналæн ПÆкы куыд фехъусын кодтой афтæмæй, ныридæгæн зæгъгæ скусын кодтой тæвд хахх æмæ факты фтыххæй фехъусын кодтой евроцæдисы цæстбарæг миссийæн.
«Пайда кæнæм алы амæлттæй, цæмæй сæ цыбырдæр æмгъуыдтæм ссæрибар кæнæм» – хъусын кæнынц ПÆК-ы.
Бакой уын кæндзыстæм Ломисы фыдты моладзандоны алфæмбылайтерриторийæ, оккупацион тыхтæ, дыууæ адæймагы æрцахстой. Фыцаг Къаналы информацийæ скъæфтгондтæй иу у фыдты моладзандоны хидæгдзæрæг моладазн, æрмæст иннæ та кувынмæ цæуджытæй иу. Уыдон æнхъæлцау а.х. арæнсæттыны ахосагæй сты ахст. Уæвæг информацийæ уырыссаг æфсæддæттæ уыдоны моладзандоны алфæмблай территорийæ, суадоны цур æрцахстой.