ПÆК - Хаджарат Ахвледиани æмæ Гиоргий Ромелашвили, кæцытæ æнæзакононæй ахст сты Уæрæсейы оккупацион тыхтæй, ссæрибар сты
ПÆК - Хаджарат Ахвледиани æмæ Гиоргий Ромелашвили, кæцытæ æнæзакононæй ахст сты Уæрæсейы оккупацион тыхтæй, ссæрибар сты

Хаджарат Ахвледиани æмæ Гиоргий Ромелашвили, кæцытæ уырыссаг оккупацион тыхты æнæзакононæй ахст уыдысты, ссæрибар сты æмæ централон хицауады контролгонд территорийыл сты, – уый фæдыл информацийы хъусын кæны паддзахадон æдасдзинады куыст.

Пæк-ы информацийæ, Хаджарат Ахвледиани æмæ Гиоргий Ромелашвилийы ссæрибар кæныны процессы, куыд Евроцæдисы Цæстдарæг Миссийы (EUMM) комкоммæ æмхархайдæй кусæг «тæвд хаххы» механизм Гуырдзыстоны, афтæ дæр централон хицауады дæлбар уæвæг алы æмбæлон фæрæзтæй активонæй пайда кодтой. Гуырдзыстоны централон хицауад æппæтдунеон партнертæн æппынæдзух информаци лæвæрдта.

«Фарста серьозонæй æвæрд æрцыд Гуырдзыстоны централон хицауады æрдыгæй Женевайы æхсæнадæмон дискусситы (ÆÆД) æмæ Инцидентты превенцийы æмæ реагирдзинады механизмы (ИПРМ) форматты фæлгæтты.

Гуырдзыстоны оккупацигонд регионты æмæ оккупацион хаххы дæргъæй æххæстгонд алы деструктивон архайды тыххæй бæрн окупацион тыхыл цæуы æвæрд.

Централон хицауад, æппæтдунеон партнертимæ иумæ, дарддæр кæны активон куыст Гуырдзыстоны æппæт уыцы æмбæстæгты ссæрибар кæныны тыххæй, кæцытæ æнæзакононæй ахст сты окупиргонд територитыл», –  фыст ис уагдоны информацийы.