ПÆК- Гуырдзыстоны паддзахаддзинадæн сæйраг тасæй та у Уæрæсейы æрдгæй Абхазы æмæ Цхинвалы регионты оккупаци
2021 азы фæбæрæг ис тынг тæссаг тенденци, кæцыйы фæлгæтты Абхазы де-факто хицауады хицæн минæвæрттæ сфæнд кодтой оккупацигонд регионы архайæг æхсæнадæмон организациты куыст критиконæй сæмбонд кæнын. Фæнысангондæн йæ нысан уыд оккупацигонд регионы изоляци скæнын æмæ бынатыл анексион процессты сыххæст фенцондæр кæнын, – уый фæдыл Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куысты хыгъдлæвæрды мидæг дзырдæуы, кæцы парламентмæ нырид бавдыстæуыд.
Хыгъдлæвæрды банысангонд у, цæмæй Гуырдзыстоны паддзахаддзинадæн сæйраг тас у Уæрæсейы Федерацийæ Абхазы æмæ Цхинвалы Регионты оккупаци.
«2021 азы оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл та æнæзакононæй лæууыд уырыссаг уæззау æфсæддон техникæ æмæ æфсæддон контингент, бынатыл цыдис интенсивон æфсæддон ахуыртæ æмæ милитаризацийы процесс. Хыгъдон периоды Уæрæсейы оккупацион тыхтæ дарддæр кодтой оккупацигонд регионты анексийы æрдæм политикæ уадзын. 2021-æм азы дæргъы ног коронавирусы пандемийы фоныл, уæззау уыд оккупацигонд территоритыл цæрæг, этникон гуырдзыæгты цæрджыты уавæр, дарддæр кодтой сæ фундаментон бартæ арæн кæнын», – банысангонд у Пæк-ы хыгъдлæвæрды.
Документы афтæдæр дзырдæуы, цæмæй оккупацигонд территоритыл, уырыссаг æфсæддон скондимæ иумæ, активонæй архайдтой Уæрæсейы Федерацийы рагысгарæгон куыстытæ, – хъахъхъæнынады министрады сæйраг рагысгарæг уагдон, æдасдзинады федералон куыст æмæ æддагон рагысгарæг куыст.
Пæк-ы хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты æнæзакононæй бавдыст уырыссаг æфсæддон контингенты æмæ спец-куыстыты активондзинæдтæ тæссаг уыдысты Гуырдзыстоны æмæ регионы æдасдзинадæн.
Документы куыд у банысангонд афтæмæй, 2021 азы Кремль активонæй архайдта оккупацигонд Абхазы энергетикæйы сæрмагонд æндæвдад райрæзын кæнын.
«Анексийы æрдæм политикæйы хай уыд оккупацигонд Абхазы энергетикæйы сферæйы ставд уырыссаг инвестицитæ æрбаласыны æнæмæнгхъæуындзинады фæдыл де-факто хицауады арызт фидиуæнтæ. Ивгъуыд азы цалдæр хатт размæ рахæцыдысты оккупацигонд Абхазы цæрæг этникон уырыссæгты «политикон процессты» хайад райсыны æнеæмæнгхъæуындзинады фарстыл, уый нымæцы «уырыссаг æмбæстонты организациты» консолидацидзинады фæндагæй», – дзырдæуы документы.
ПÆК-ы хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, 2021 азы нысаниуæгджын тасæй уыд оккупацигонд Цхинвалы регионы анексийы фарста, уымæн æмæ оккупацигонд регионы де-факто режим, æргомæй йæ фарс хæцыд Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуынæн.
«Оккупацион тых, оккупацигонд Цхинвалы анексийы бындурæй «Иугонд Ирыстоны» фæдыл æрымысгæ хъуыдыйæ пайда кæны, кæцы Цæгат Ирыстоны Республикæ æмæ оккупацигонд Цхинвалы цæрджыты а.х. баиу кæнын дары йæ хъуыдыйы.
Хыгъдон периоды Уæрæсейы президент оккупацигонд Цхинвалы регионы «дывæрон æмбæстагады фæдыл» а.х. бадзырды проект сфидар кодта. Уыимæ а.х. дывæр æмбæстагад кæмæ ис уыцы уæнгтæ «æнæмæнг-æфсæддон службæ» кæндзысты сæ иудадзыг цæрæн бынатмæ гæсгæйæ, æмæ «дыккаг фарсы» асидтæй ссæрибар уыдзысты.
Анексийы политикæйы призмайы æркæсын хъæуы оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты бæрзонд финансон бастдзинад Уæрæсейы Федерацийы бюджетыл. Уæвæг бæрæггæнæнтæй, оккупацигонд Абхазы а.х. бюджеты 50% (69 472 492 АИШ доллар), æрмæст оккупацигонд Цхинвалы регионы а.х. бюджеты 83 процентмæ хæстæг(84 898 637 АИШ доллар) финанс кæны Уæрæсейы Федераци», – дзырдæуы ПÆК-ы хыгъдлæвæрды.