ПÆК - Глданы, аххосджын Денис Журавлиовы арендæйы цы фатер уыд, сбæрæг ис ноджы иу фатер «Гексогены» хъуыдтагы фæдыл, басгæрсты фæстиуæгæн ссардтой компьютерон микросхемæтæ, гæххæттытæ æмæ æхца
Паддзахадон æдасдзинады куысты куыд хъусын кæнынц, афтæмæй уагдон дарддæр кæны йæ оперативон-агурæн æмæ слестгæнæн архайд «Гексогены» хъуыддаджы фæдыл.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, Тбилисы Глданийы районы аххосджын Денис Журавлиовы арендæйы æндæр конспиративон фатер рабæрæг ис, цы ран басгæрст сырæзт.
«Уый фæстиуæгæн ссардæуыд компьютерон микросхемæтæ алы æмвæзады, гæххæттытæ æмæ æхцайы суммæ.Истгонд цæуы ахст дзаумæтты конкретон нысан», — расидтысты уагдоны.
Информацийæн, Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куыст æмæ мидхъуыдтæгты министрад Украинæйы дыууæ æмбæстагы æрцахстой. Таможнæйы службæйы 11-æм сентябры уагъд брифингыл банысан кодтой, зæгъгæ, ацы аз 10-æм сентябры MERCEDES-BENZ уæзласæн хæдтулгæ Украинæйæ Гуырдзыстонмæ, Румыни æмæ Болгарийы уылты, стæй Турчы уылты ахызт уæзласæн машинæ MERCEDES-BENZ æмæ бæстæмæ бацыд таможнæйон уадзæн пункт «Сарпи»-йы уылты. Йæ æрлæууæн æмæ басгæрсты фæстиуæгæн хæдтулгæйы ссардтой рæмудзæн буаргъæд «Гексоген»-ы 2,4 килограммы, лæмбынæг æмбæхсæн бынæтты æвæрд.