Фæбæрæг ис Малхаз Мачаликашвилийы фæнд, террористон акты организацидзинады фæндагæй, цалдæр уæнгы амарыны фæдыл – уый тыххæй, Паддзахадон Æдасдзинады Куысты абон уагъд брифингыл ссис бæрæг.
ПÆК-ы фидиуæны æнæивгæйæ æнхъарæм:
«Паддзахадон æдасдзинады куыст, цæрджыты террористон тасæй бахизыны нысанæй уагъд амæлтты фæлгæтты, рабæрæг кодта Малхаз Мачаликашвилийы фæнд, терористон акты организацидзинады фæндагæй, цалдæр уæнгы амарыны тыххæй.
Фæнды нæ дзыллæйæн фехъусын кæнын, цæмæй фæнысангонд уæззау фыдракæнд превенци скодта паддзахадон æдасдзинад куыст.
ХЪусын уын кæнæм, цæмæй куысты иуæй-иу сæйраг функци у куысты фæдæвзарæн мадзылтты дæлбар фыдракæндты рабæрæг кæныны, цæхгæр кæрон скæныны æмæ фæдæвзарæнæй уæлдай, ацы фыдракæндтæй хиабахизынæн превентивон мадлзæлтты сæххæст кæнын .
Паддзахадон æдасдзинады куысты контр-террористон департаменты ныр æрфарстыл уæвы Малхаз Мачаликашвилийы æфсымæры лæппу, Морис Мачаликашвили, кæцы Малхаз Мачаликашвилийы планмæ гæсгæйæ, баст хъуамæ уыдаит фæнысангонд террористон акты сæххæсты хъуыддаджы.
ФÆдæвзарæн амæлтæ уагъд цæуынц уыцы тугтæрхоны барады хъуыддагыл, кæцы паддзахадон æдасдзинады куысты контртерроистон центры, 2018 азы фыццаг июны райдыдта æмæ ныры онг дарддæр кæны террористон акты æрцæттйы æмæ террористон нысанæй æхсæнгарзы кæнæ рæмудзæн гарзæгты æнæзакъононæй балхæд-бавæрыны фактытыл, фыдракæнд, кæцы нымадмæ ист у Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 18,323-æм æмæ 3231 статитæй.
ДЗыллæйæн бакой кæндзыстæм, цæмæй хъуыддагыл фæдæвзарæн райдайыны бындлурæй ссис сахар Тбилисы парламенты бæстыхайы раз цæугæ протестон акцийыл, 2018 азы 31 майы, Малхаз Мачаликашвилийы æхсæнады раз æртъхъирæнтæ хæссæг фидиуæн, кæцымæ гæсгæ дæо, уый æмæ йемæ уæвæг уæнгтæ, кæцытæ Малхаз Мачаликашвилийы ныхæстæм гæсгæ, расомы кодтой, ома цæттæ уыдысты фæмидæг уыдаиккой Гуырдзыстоны Паддзахадон æдасдзинады куысты бæстыхаймæ æмæ сæхи спырх кодтаиккой.
ФÆдæвзарæны фæлгæтты, информацийы сбæрæг кæныны æмæ бæлвырдгæнæнтæ райсты нысанæй, æмбæлон тæрхонон барамынды бындурыл сыххæст сусæг фæдæвзарæн мадзæлттæ, сæ нымæцы: телефонон коммуникацийы сусæг байхъуыст æмæ ныффыст, сусæг видео-аудио ныффыст æмæ фото-айст.
Парламенты бæстыхайы алфæмбыла территорийыл уагъд сусæг фæдæвзарæн архæйдтты фæстиуæгæн райсгæ бæлвырдгæнæнтæй бæрæг ссис, цæмæй Малхаз Мачаликашвили, хъавыд террористон акт сæххæст кæнын.
Фыдгæнæг хъавдмæ гæсгæйæ, террористон акт сæххæст кæнын план кодта Дедоплисцъхъаройы районы Земо Мачхаанийы хъæуы, паддзахадон æдасдзинады куысты хистæры раздæры хæдивæгы, Иосеб Гогашвилийы фыды уæлмæрдыл, Иосеб Гогашвилийы æмæ йемæ уæвæг уæнгты бацыды рæстæджы, кæцыйы фæстиуæгæн сыххæст уыдаит фæнысангонд уæнгты æмæ æндæр æмбæстæгты царды фæныхылд.
Паддзахадон æдасдзинады куыстæн бæрæг куы ыссис Малхаз Мачаликашвилийы фыдгæнæгон хъавды тыххæй, ацы фыдракæндæй хи бахизыны нысанæй, хъуыддаджы гæнæн фигуранттыл, къуындæг оперативон цæстдарынады параллелонæй, уагъд æрцыд превентивон равгы æндæр мадзæлттæ дæр, сæ нымæцы æдасдзинады мадзæлттæ фæкарздæр сты Иосеб Гогашвилийы æмæ йæ бинонты уæнгты æрдæм.
Фæдагуырды ацы этапыл райсгæ бæлвырдгæнæнтæй, æнæфæсайгæйæ бæлвырд кæны, цæмйæ 2019 азы 23 марты, йехæдæг Малхаз Мачаликашвили ратта амынд Морис Мачаликашвилийæн, цæмæй ацы фæстаг алы куыстæй йæхи аиуырдæм кодтаит æмæ бакуыстаит æрмæстдæр иу гоймагыл – Иосеб Гогашвилийыл. Морис Мачаликашвили хъуамæ сбæлвырд кодтаит Иосеб Гогашвилийы цæрæн хæдзары адрис, йæ змæлды маршруттæ æмæ афтæдæр абалц кодтаит земо Мачхаанийы хæъуы уæлмæрдмæ, цæмæй базыдтаит Иосеб Гогашвилийы фыды ингæн кæм ис уый æмæ айстаит къамтæ, æрмæст райсгæ информацийы бындурыл, малхаз Мачаликашвили сплан кодтаит æндæр архæйдтæ.
Афтæма абон, Паддзахадон Æдасдзинады Куысты æрфарстмæ, уыцы нысанæй фæсидтысты Малхаз Мачаликашвилимæ æмæ æнæкæсгæ уымæ цæмæй мах нæ зæрдыл бадарттам йæ адвокаты æркуырд, æрфарст 4 майы бæсты, 7 майы ацыдаит, Малхаз Мачаликашвили, фæдæвзарæг уагдонмæ рбацæуыныл нæзагъд ракодта. Уымæ æмбæлгæйæ, йе рдæм сыххæст уыдзæн процессон закъондæттынадæй ахæм цаутæн бакуыст мадзæлттæ» – хъусын кæнынц ПÆК-ы.
Уагдоны хъусинагæй, хъуыддагыл фæдæвзарæн дарддæр кæны. ПÆК-ы информацийæ, уагдоны фидæны дæр адарддæр кæндзæн дзыллæйæн информаци дæттын, хъуыддаджы цыды фæдыл.
Паддзахадон æдасдзинады куыст æмбæлон аудио-ныффыст парахат кæны.