ПÆК – 2023 азы æндæр æмæ æндæр тыхы кампанийы нысан уыдис бæстæйы антиныгуылæйнаг ахаст сцырын кæнын, евроинтеграци фæкъуылымпы, стратегион æмцæдисонтимæ  ахастытæн разнаггад кæнын
ПÆК – 2023 азы æндæр æмæ æндæр тыхы кампанийы нысан уыдис бæстæйы антиныгуылæйнаг ахаст сцырын кæнын, евроинтеграци фæкъуылымпы, стратегион æмцæдисонтимæ  ахастытæн разнаггад кæнын

Паддзахадон æдасдзинады куысты 2023 азы хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, 2023 азы  сæрмагондæй бæрзонд уыдис Гуырдзыстоны ныхмæ  гибридон азар.

Хыгъдлæвæрды куыд дзырдæуы афтæмæй,  паддзахаон æдасдзинады куыст  иудадзыг  режимы  иста алы хъæугæ  мадзал, цмæй маруагъдтаит  æмæ схафтаит  æндæр æмæ æндæр деструктивон  элементты æрдгæй, а.х.  фæлмæн  тыхы,  сусæг п=операциты æмæ информацион хæсты инструментты фæрцы бæстæйы националон интерестæн разнаггад кæнынæн уагъд мадзæлттæ.

«2023 азы информацион хæсты фæлгæтты æндæр æмæ æндæр тыхы уагъд  кампанийы сæйраг нысан уыдис, бæстæйы антиныгуылæйнаг  ахаст  сцырын кæнын, Гуырдзыстоны евроатлантикон  структурæтæм интеграцийы процес фæкуылымпы кæнын, стратегион  æмцæдисонтимæ партнерон ахастытæн разнаггад кæнын, Гуырдзыстоны куыд демократон  æмæ ныгуылæйнаг хæзнатæ дарæг бæстæйы имиджы дискредитацидзинад, паддзахадон  институтты æрдæм æхсæнады  æнæууæнк æмæ æнæрайгонддзинады  цырын кæнын, афтæма дзыллæйы  поляризацийы æмвæзы  сбæрзонддæр кæнын» – банысангонд у хыгъдлæвæрды.

Уыимæ, ПÆК-ы 2023 азы  хыгълæвæрды дзырдæуы, цæмæй  хыгъдон периоды сфиксир ис  бæрæг  медиафæрæзты æрдгæй, афтæма социалон хызæгты  æмæ интернеттыгъдады фæрцы,  барæй  провокацион  фидиуæнтæ, кæцы этнкон  æмæ религион  къаддæртæ кæм цæрынц  уыцы регионты мæстыдзинад сцырын кæнын æмæ  быцæумбæлдтæ  расайыны  тас хаста.