Паддзахадон университеты студенттæн стажы ахуыры мызд исгæйæ ацæуыны фадат уыдзæн паддзахадон энергетикон компаниты
Экономикæйы æмæ æнæцудгæ райрзты министрадимæ бафыст меморандумы бындурыл, Гуырдзыстоны паддзахадон университетты бæрзонд академион æнтысындзинад кæцы студенттæн ис уыдон паддзахадон энергетикон компаниты ацæудзысты стажировкæ.
Гуырдзыстоны техникон университет фыццаг у уыцы фондз бæрзонддæр ахуыргнæндоны æхсæн, кæцыйы минситрады минæвæрттæ программæйы презентаци ауагъдтой. Студенттæн сæрмагондæй нысаниуæгджын уыд уыцы аууæл, ома, энергетикон æрдæмадтæй дарддæр, стажировкæйы программæмæ афтдæр хаудис æндæр профилы студентты ахуыр дæр.
Презентацийыл банысан ис, цæмæй программæйы фæлгæтты бакалавриаты 3-æм æмæ 4-æм курсы бæрзонд академион æнтысындзинад кæцы студенттæн ис уыдонæн сæ бон уыдзæн иу афæдзон стажировкæ ацæуын мызд исгæйæ. Стажировкæйы фæстæ гæнæн ис, куыстдæттæгы æмæ стажеры æхсæн адарддæр уа кусæн бадзырд. Ахæм информацион фембæлдтæ фидæны министрадимæ меморандум бафыссæг æндæр паддзахадон университетты дæр ацæудзæн.
Информаци хъусын кæны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министрады пресскуыст.