Паддзахадон министры аппарат – Ноджы иу адæймаджы цард ссис оккупацион режимы дурзæрдæ ахасты амæттаг
Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министры аппараты информацийæ, оккупацион режимы дурзæрдæ ахасты амæттаг ссис радон адæймагы цард. Паддзахадон министры аппарат тæфæрфс кæны фæмардуæвæг Онисе Гатенашвилийы бинонтæн.
Афтæма сæ информацийæ, 14 ноябры «Сыр Дзуаримæ» æмархайдæй, оккупаицгонд Цхинвалы регионæй Эргнеты ахизæнæй цы хонынц уый уылты, хоскæнынмæ æрластой оккупацигонд Ахалгоры цæрæг Онисе Гатенашвилийы, кæцы клиникæмæ транспортацийы рæстæджы æрбамард.
«Оккупацигонд Ахалгор иу афæдзæй фылдæр у æхгæд кæй æрцыд. Ахизæн пункттæй цы хонынц уыдоны сыхгæды аххосæй ныридæгæн амард 16 адæймаг. Оккупанттæ æмбæстæгтæн Гуырдзыстоны контролгонд территоримæ рахизыны фадат нæ дæттынц, кæцыйæ уыдон,ф æцух вæййынц критиконæй нысаниуæгджын æнæнизхъахъъхæды сервситæй. Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министры аппарат Гуырдзыстоны æндæр æмбæлгæ уагдæттимæ иумæ, адæрддæр кæны тыхайрхайдтæ, цæмæй цæрджытæн оккупацион хаххы иннæ рдгæй фенцондæр уа сæ уæззау уавæр, уа сæм сæрибарæй змæлды бар æмæ сæ ма куылымпы кæной критиконæй нысаниуæгджын æххуысæй пайда кæнын. Ацы нысанæн курæг стæм æхсæнадæмон организацитæй æмæ партнертæй, фæтыхджын кæной оккупацион режимыл ахадындзинад» – банысангонд у паддзахадон министры аппараты фидиуæны.