Паддзахадон министры аппарат – дихгæнæг хаххгæрон хъæутæн æххуысы паддзахадон программæтæ æнæуромгæйæ цæуынц æххæст
Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстæты паддзахадон министры аппараты фидиуæнæй, бынтон æнæбындур у фæстаг рæстæджы æнæиухатт ахæлиугонд информаци, цæвиттон дихгæнæг хаххы алфæмбылæйтты уæвæг хъæутæн æххуысы паддзахадон программæтæ урæд сты.
Афтæма сæинформацийæ, фæнысангонд программæтæ æнæаскуынгæйæ цæуынц æххæст.
«2013 азæй абоны онг, æхсæнуагдонон хицауадон комиссийы иунæг рабадтыл дæр нæ уыд уынаффæ дихгæнæг хаххы алфæмбылæйтты уæвæг хъæутæн æххуысы программæты баурæдыл æмæ уæвæг программæтæ æххæст цæуынц æнæуромгæйæ. Дихгæнæг хаххы алыварс хæъуты конфликтæй зианбавзарæг цæрджыты хъæуындзинæдтыл реагиркæныны рæстæгпмæ хицауадон комиссийы 2021 азы 22 декабры рабадтыл хаст уыд уынаффæ,оккупацигонд территориты цур дихгæнæг хаххмæ хæстæг хъæуты цæрæг бинонты зымæджы периоды тæвдгондæй ифтонгады нысанæн, æмбæлон мадзæлтты сыххæст адарддæр уа.
Комиссийы уынаффæты бындурыл, æмбæлон паддзахадон уагдæтты æмæ бынæттон хæдуынаффæты интенсивон кусæн процессы фæлгæтты цыдис стандартон процедурон хай муниципалитеттæй программæты бенефициарты номхыгъдтæ сбæрæг кæныны фæдыл цæугæ азы уавæрмæ гæсгæйæ. Кусæн процесс фæцис æмæ комиссийы уынаффæты бындурыл, Гуырдзыстоны хицауады барамындæй æмбæлон падздахадон уагдæттæн бахæс ис уынаффæты сыххæст. Иннæ куырийы райдайдзæнис дихгæнæг хаххы хъæуты цæрæг цæрджытæ ваучерты байуæрсты процесс. Комиссийы уынаффæтæм æмбæлгæйæ, уыцы хъæуты, цы ран бинонтæ регистрацигон сты æрдзон газæй фæлхагæнджытæй, суммæ рауæлдай ис регистрацигонд абоненттæн, æрмæст уыцы хъæутæ, цыран газификаци нырма нæ фæцис – дихгæнæг хаххы цур хæъуты цæрæг бинонты иуæй-иу уæнгыл» – дзырдæуы паддзахадон минситры аппараты фидиуæны.