Паддзахадон инспекторы куыст – Курæг стæм фæдæвзарæг органæй, фæдагуырды фæндагæй, авоныл бацахуыр кæнæт сусæг байхъуысты æмæ цæстдарды алы гуырысхойаг цау
Паддзахадон инспекторы куыст æрсидтис фæдæвзарæг органмæ, фæдагуырд ауадзыны фæндагæй, афоныл бацахуыр кæна сусæг байхъуысты æмæ цæстдарды алы гуырысхоаг цау.
Уагдоны ахæлиугонд информацийы куыд у банысангонд уымæ гæсгæйæ, фæстаг рæстæджы ахæлиугонд аудио-видео ныффыстыты æмæ документо н æрмæджытæй æвзæры фарстæтæ æндæр æмæ æндæр уæнгты æрдæм, æнæзаконон сусæг байхъуыст æмæ цæстдарды фæдыл.
Паддзахадон инспекторы куыст банысан кодта, цæмæй ацы факттыл æнæмæнгхъæугæ у компетентон фæдагурæг уагдонæй афоныл фæдагуырд ауадзын сæ автентондзинады æмæ кæд автентондзинад сбæлвырд уа, уæд æнæзаконон сусæг байхъуысты æмæ цæстдарды процессы хайадисæг алы уæнгы индентификаци скæынын æмæ сæ дзуаппмæ раттыны тыххæй.
«Хисæрмагонд цардуагы æвдисæг информацийæ манипуляцийы алы формæ тæссаг у хисæрмагонд цардуагы барæй пайда кæнынæн, адæймæгты æхсæн æвзæрын кæны сæрмагонд тыгъдады æнæхъахъъхæддзинады æнкъарæн, агайы адæймаджы джелбетт, арæн йын кæны йæ уагахаст æмæ æбуалгъ пырхгæнæг тæфаг йын ис йæ эмоцион уавæрыл. Уый æддæйæ ахæм æрмæджыты публикаци кæнынæй,къаддæр кæны æмæ сафы æхсæнады æууæнк паддзахадон институтты рдæм, кæцытæ бæрнон сты сусæг байхъуыст æмæ цæстдард закъонмæ æмбæлгæйæ æххæст кæнын.
Уæлдæрбанысангонды тыххæй, курæг стæм фæдæвзарæг органæй, фæдагуырд ауадзыны нысанæн, афоныл бацахуыр кæна сусæг байхъуыст æмæ цæстдарды алы гуырысхойаг цаутæ, цæмæй дзуапп ратта æхсæнадмæ цы фарстытæ фæзындис уыдонæн, æрыздаха æхсæнадмæ сæ хисæрмагонд цардуагы хъахъхъæды æнкъарæн æмæ сног уа æууæнк паддзахадон институтты æрдæм» – банысангонд у паддзахадон инспекторы куысты информацийы.