Паддзахадон департаменты хыгъдлæвæрд – Гуырдзыстоны бизнесы æмæ инвестициты уавæртæ зæрдæмæдзæугæ сты, Гуырдзыстон хицæн кæны  регионы
Паддзахадон департаменты хыгъдлæвæрд – Гуырдзыстоны бизнесы æмæ инвестициты уавæртæ зæрдæмæдзæугæ сты, Гуырдзыстон хицæн кæны регионы

Гуырдзыстоны  бизнесы  æиæ  инвестициты  аууæлттæ  зæрдæмæзæугæ сты, Гуырдзыстон   хицæн кæны  уымæй  регионы, – уый фæдлыл  банысангонду  Америкæйы  Иугонд Штатты  паддзахадон  департаменты 2023  азы  инвестицион уавæры фæдыл хыгъдлæвæрды.

Хыгъдлæвæрд куыд у банысангонд афтæмæй,  транзит  æмæ  логистикæ  приоритетон сектортæ сты, уымæн æмæ Гуырдзыстон архайы, спайда кæна  бæстæйы уылты хурыскæсæн-хурныгуылæны  райрæзгæ   базарадæй.

«Æмтгæй райсгæйæ, Гуырдзыстоны бизнесы  æмæ инвестициты  уавæртæ  зæрдæмæдзæугæ сты æмæ регионы  Гуырдзыстон  хицæн кæны. Фæлæ       тæрхондоны  коммерцион   хъуыддæгты   хæдбарæй,  афоныл æмæ компетентонæй  равзарынмæ æнæууæнк рæзы, уыимæ хицæн бизнес-даутæ  системæйы  азты дæргъы   баззайынц.  Æндæр компанитæ хъаст кæнынц, цæмæй муниципалон   æмвæзадыл  уынаффæтæ  рахæссыны    процесс  æнæэффективон  у,  куыд хъæуы  афтæ  ифтонггонд нæу   интеллектуалон   сæрмæмуклы  бары   хъахъъæд,  нæй  эффективон  антимонополион    политикæ, ис политикон хыфæтъыссыны,   закъонты æмæ регуляциты    равразгæйæ   спайда кæныны  фæдыл аххосæгтæ, сæ нымæцы  коммерцион   закъонты цауы дæр, афтæма ис  зындзинæдтæ  сæрмæмулкы бары фæдыл дауты   аскуыддзагы дæр.

Гуырдзыстоны  хицауад  дарддæр кæны  ацы проблемæты алыг кæнынæн  кусын  æмæ  баззайгæ  проблемæтæм нæкæсгæ, Гуырдзыстон уæддæр  ахсы иуæй-иу  фыццаг бынат регионы, кæцыйы  дзæбæх аууæлттæ  ис бизнес аразынæн. АИШ æмæ Гуырдзыстон 1994 азы   бафыстой къух  дыууæфарсон    инвестициты  фæдыл  бадзырдыл æмæ Гуырдзыстонмæ  ис бар АИШ-æм  хъалонæвæрдæй  цух  сыххæст кæна  бирæ   продукты экспорт,  преференциты æппæтон системæйы фæлгæтты», –  банысангонд у  хыгъдлæвæрды.