Паддзахадон бюджеты суммæты ныппаплой кæныны хъуыддагыл тæрхоны процесс цæуы хъæлæбайæ
Паддзахадон бюджеты суммæтæ паплойы хъуыддагыл тæрхоны процесс хъæлæбайæ цæуы. Рабадтыл уыдис быцæудзырд зылынгæнæг фарсы æмæ адвокат Бека Басилаиайы æхсæн. Давокат зылынмæ лæвæрд Михеил Саакашвилийы процессмæ ракæнын домы.
Прокуррор Гиорги Муджири куыд райхæлдта афтæмæй, зылынгæнæг фарсы фæнды, процесс ацæуа зылынмæ лæвæрдимæ иумæ. Прокурроры фидиуæнæй, зылынмæ лæвæрдæн йæ бон у процессмæ ссиу уа дистанционæй кæнæ рабадт пенитенцион уагдоны ацæуа.
«Удцырын стæм процесс зылынмæ лæвæрдимæ иумæ ацæуа æмæ закон уый бар дæтты. Зылынмæ лæвæрды бартæ сифтонг кæндзæн абсолютонæй, кæд уый дистанционæй баиу уыдзæн кæнæ та тæрхондоны æддæйæ ауадздзыстæм процесс(пенитенцион уагдоны). Уый тыххæй цæмæй зылынмæ лæвæрды уавæр арæнгонд нæу æмæ нæдæр йæ кæцыфæнды бартæ, нæдæр процессон закондæттынадæй бæрæг, æмæ нæдæр адæймаджы бартæ нæ арæн кæнынц, уымæй мах дыууæмæ дæр цæттæ стæм, цæмæй кæд иргъæвæг фарс ацы позицитæй сæ иуыл сразы уыдзæн уæд», – райхъусын кодта прокуррор Гиорги Муджири.
Прокуратурæ Гуырдзыстоны раздæры президент, Михеил Саакашвилийы æмæ паддзахадон хъахъхъæды специалон куысты раздæры хистæры, Темур Джанашиайы зылынджын кæны паддзахадон бюджеты суммæтæ ныппаплой кæнын.