Михеил Саакашвилийæн æфхæрды  æмгъуыд ахæцыны фарстайыл   тæрхоны процесс 29 декабры адарддæр уыдзæн
Михеил Саакашвилийæн æфхæрды æмгъуыд ахæцыны фарстайыл тæрхоны процесс 29 декабры адарддæр уыдзæн

Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийæн æфхæрды æмгъуыд ахæцыны фарстайыл  тæрхоны  процесс  29 декабры  11:00 сахатыл адарддæр уыдзæн.

Адвокат  Шалва Хачъапуридзе  райхъусын кодта, цæмæй  Саакашвилийы   æнæниздзинады уавæр иттæг вазыгджын у  æмæ тæрхондонмæ  куырдиатæй баздæхт, процесстæ æрвылбойнонæй снысан  кæныны фæдыл.

Фæлæ  тæрхонгæнæг банысан кодта, цæмæй процессты æрвылбойнонæй снысан кæнын гæнæн нæй.

«Иу æвдисæны æрфæрсынæн  абон  æнæхъæн бон  бахъуыдыстæм æмæ æндæр хъуыддæгтæ, кæцытæ  абонмæ уыд нысангонд,  аргъæвдтон.  Æрвылбойнонæй снысан кæнын  физиконæй нæй гæнæн.  Куырдиаты æркæсынæн  бæлвырд  датæтæ нæй,  ам  арæнгонд не стæм   æмæ уый дæр хъæуы  зæрдыл бадарын, ома  ацы æрмæг   æмæ ай бæрц æвидисæнтæн  бахъæудзæн   цалдæр рабадт ауадзын», –  райхъусын кодта тæрхонгæнæг.

29 декабры тæрхоны процесс сног уыдзæн æвдисæнты æрфарстæй.