Паддзахадон æдасдзинады куыст - Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæрттæ хъæу Дваны цур, оккуапцигонд территорийыл æнæзакъононæй æрцахстой Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстагы
Паддзахадон æдасдзинады куысты информацийæ, Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæрттæ Карелы муниципалитеты хъæу Дванмæ хæстæг, оккупацигонд территорийыл æнæзакъононæй æрцахстой Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстагы.
ПÆК-ы информацийæ, инциденты фæдыл æнæаргъæвгæйæ фехуъсын кодтой æхсæнадæмон партнертæн æмæ Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæн.
«30 апрелы, Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæрттæ, Карелы муниципалитеты хъæу Дванмæ хæстæг оккупацигонд территорийыл æнæзакъононæй æрцахстой Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстагы. Фæнысангонд инциденты фæдыл информаци райстæй уайтагъд, паддзахадон æдасдзинады куыст скусын кодта Евроцæдисы цæстдарæг миссийы кусæг тæвд хахх. Инциденты фæдыл информаци лæвæрд уыд æхсæнадæмон партнертимæ æмæ Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттæм. Скусын кодтой алы уæвæг механизм æнæзакононæй ахст уæнгты цыбырдæр æмгъуыдтæм ссæрибар кæнынæн. Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл, афтæ куыд оккупацион хаххы дæргъмæ сæххæст алы деструктивон архайдыл бæрн æвæрд цæуы оккупацигæнæг тыхыл», – дзырдæуы ПÆК-ы фидиуæны.