Паата Салиа - Æвæрд сты цæстфæлдахæг бадзырдтæ, сæ нымæцы «Интермедиаимæ»,пайда, кæцыйы хъуамæ «Рустави 2» райстаит, æндæр компани куы райста
Æвæрд сты цæстфæлдахæг бадзырдтæ, сæ нымæцы «Интермедиаимæ»,пайда, кæцыйы хъуамæ «Рустави 2» райстаит, æндæр компани куы райста – уый фæдыл «Рустави 2»-ы генералон директор, Паата Салиа райхъусын кодта.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, «Рустави 2»-йы бирæ профессионал кусы, уыдон баззайдзысты æмæ адарддæр кæндзысты кусын, сæ куыстмæ хи фæтъыссын ничи хъавы, æмæ тагъд уый алчи фендзæн.
«Ацы этапыл къаналы куырдиат у, сабырдзинад хъахъхъæнгæйæ уа, адарддæр кæнæм кусын, «Курьер»-мæ дæр уа сабыр уавæр æмæ уыцы критикон ахаст, кæцы йæм ис. Уæм алчи фылдæр критикон, фæлæ фылдæр критикондзинадыл куы ныхас кæнæм, уæд нæхи нымæры уый дарæм, цæмæй критикæ æнæмæнгæй хъуамæ аргументиргонд. Кæцыфæнды хицауадæн, кæцыфæнды паддзахадæн «Уотчдог» æнæмæнгхъæугæ у. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, «Рустави 2» æмæ йæ журналисттæ уый хъом сты, хæдбарæй адарддæр кæной кусын афтæ, цæмæй сæ куыстмæ йæхи фæтъыссын никæмæн уыдзæн йæ бон. Меладзейы æмæ æндæрты, сæ нымæцы Лаперашвилийы, АНджапаридзейы, Габуниайы ссæрибар кæнын бахъуыд, уыцы финансон фарстатæй, уыцы зианæй рацæугæйæ, кæцы бавзæрста компани. ХЪуыды кæнæм, афтæ куыд Гварамиайы ныхмæ, гæнæн ис ацы уæнгты ныхмæ дæр нæ бахъæуа тæрхондоны дауу кæнын æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр, уый æнхъæл не стæм, цææмй куыд хъуамæ дауу кæнæм уыцы адæймæгтимæ кæцытæ махмæ сты акæнæг постыл. Æргом æнæмбæлондзинад æмæ интересты конфликт уыдзæн» – райхъусын кодта Паата Салиа.
«рустави 2»-йы генералон директор сæ куыстæй систа телекомпанийы цалдæр журналисты, – сæ нымæцы, Гиорги Габуниа, информацион куысты хистæр Нодар Меладзейы, Нанука Жоржолианийы æмæ Эка Квеситадзейы.