Паата Манджгаладзе хъусын кæны, цæмæй оппозицион партитæ конституцион ивддзинæдты фарстайы фæдыл абон фембæлдзысты
Стратегиа Агъмашенебели»-ы уæнг Паата Манджгаладзейы фидиуæнæй, оппозицион партитæ абон фембæлдзысты, кæцы рæстæджы æркæсдзысты конституцион ивддзинæдтæ, цæй фæстæдæр бæрæг суыдзæн сæ кæронбæттæн позици.
Паата Манджгаладзейы хъуыдымæ гæсгæ, æххæстæй пропорцион системæ ныллæг æвзарæнон барьерæй æмæ прокурроры сывзарыны уаг, иумæйагæй хъуамæ уа каст æмæ ист.
«Дыууæ сахатыл у нысангонд партиты фембæлд, ацы фарста æркæсдзыстæм æмæ уын зæгъдзыстæм кæронбттæн позицийы тыххæй. Нæ позици ацы минуты онг у уый, цæмæй «Гуырдзиаг Бæллиццимæ» хъуамæ æрныхас кæнæм, цæмæй конституцион ивддзинад иумæйагæй каст æм ист æрцæуа. Сæрыфыццаг куыд уыдис бадзырд Шарль Мишелы документæй, ома æххæстæй пропорцион системæ ныллæг æвзарæнон барьерæй æмæ прокурроры сывзарыны уаг, куыд æрныхас кодтам афтæ æрыздæхæм алы райдайæн позицимæ æмæ ацы фарста æркæсæм. Кæд «Гуырдзиаг Бæллицц» сараздзæн мобилизаци æмæ абон æрныхас кæндзыстæм оппозицион колегæтимæ, æгъгъæд хъæлæстæ ис, цæмæй конституцион ивддзинæдтæ ма фæкъуыхцы уа», – райхъусын кодта Паата Манджгаладзе.