Уромæм парламентон куыст, хизæм бойкотмæ, мандат нæхимæ ныууаддзыстæм, ымæн æмæ конституцион ивддзинад райсын хъæуы, ис 12 пунктджын рекомендаци, мандаттæ ныууадзын та у æппынфæстаг формæ – уый фæдыл «Стратегиа Агъмашенебелийы» уæнг Паата Манджгаладзе райхъусын кодта.
Паата Манджгаладзейы фидиуæнæй, «Стратегиа Агъмашенебели» разы у иугонд фронты идеяимæ.
«Мах стæм разы иугонд оппозицион фронты идеяимæ. Мандатты фарстайы тыххæй куы зæгъæм, кæд уый кæддæр бахъæудзæн æмæ йæ нысан хъуамæ уа политикон кризис сцырын кæнын, цæмæй хицауад компромисстæм рацæуа. Кæд оппозицион иудзинад нæ уыдзæн, «Стратегиа Агъмашенебели» хæдбарæй адарддæр кæндзæн тох кæнын. Мандат нæхимæ уадзæм уый тыххæй, цæмæй конституцион ивддзинад расын хъæуы, ис 12 пунктджын рекомендаци. Мандатыл нæзагъд ракæнын у æппынфæстаг формæ, уый фæстæ ма дзы баззайы уынджы протест æмæ æмбæстагон быцæуæмбæлд. Максималонæй нæхи хизæм ацы минуты дæр æмбæстагон быцæуæфмбæлдæй, нæ мæ фæнды, мандат ныууадзыны фæстæ ма æрмæст уынджы протест баззайдзæн. Уый уæ хъæуы?» – райхъусын кодта Манджгаладзе.