Паата Бурчъуладзейы æрфарст сырæздзæн тæрхондоны
Паата Бурчъуладзейы  æрфарст  сырæздзæн тæрхондоны

Фонд «Иавнанайы» бындурæвæрæгы  Паата Бурчъуладзейы  æрфарст  тæрхондоны  сырæздзæн.

Сæйраг прокурроры   фыццаг хæдивæг, Мамука Васадзе куыд расидтис афтæмæй,   уый тыххæй цæмæй  Бурчъуладзе  æмæ йæ адвокат  фæдæвзарæг   уагдонмæ бацæуыныл не сразы сты,  æвдисæны   закъондæттынадмæ æмбæлгæйæ æрфæрсдзысты тæрхондоны.

Мамука Васадзейы   информацийæ,   Бурчъуладзе  хæсджын  у  тæрхондонмæ бацæуа.   Прокурроры   хæдивæг  ацы  этапыл  нæ конкрет кæны,  слæуудзæн æви нæ   фонд «Иавнанайы»   бындурæвæргы  тугтæрхоны барадон  бæрны  фарст.

Бурчъуладземæ  æвдисæны статусæй  æрфарстмæ, сæйраг прокуратурæмæ фæсидтысты  13 декабры, фæлæ йæ  адвокаты  информацийæ,   Бурчъуладзе  фæдæвзарæг уагдонмæ   бацæуын нæ хъавы  æмæ цæттæ у  æвдисæндзырд ратта  тæрхонгæнæгы  уæвындзинады  уавæрты, декабры кæрон кæнæ  январы райдианы.

Дзырдæуы  тугтæрхоны  барады хъуыддагыл, кæцымæ гæсгæ дæро прокуратурæ  фонд «Иавнанайы»  сæрмагонд стыр бæрцæй  суммæты  гæнæн хи  бахардзы  æвзары.