Отар Шамугиа  фембæлдис Робин Данниганимæ
Отар Шамугиа фембæлдис Робин Данниганимæ

 

Гуырдзыстоны  æрдзы хъахъхъæды  æмæ  хъæууон хæдзарады министр  Отар Шамугиа  Гуырдзыстоны АИШ-ы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын  минæвар Робин Данниганимæ  фембæлдис.

Министрады информацийæ,  фембæлдыл фарсытæ  дыууæ бæстæйы æхсæн  хъæууон хæдзарады  æмæ æрдзы хъахъхъæды æрдгæй  æнтыстджын æмгуыстады  фарстатыл фæуынаффæ кодтой.

Министрады ахæлиугонд  информацимæ гæсгæйæ, АИШ-ы минæвар   Робин Данниган  равдыста цæттæдзинад  йæ фарс рахæца министрадæн Европаг  стандарттимæ гармонизацийы нысанæн сæххæст куыстыты.

«Фембæлдыл фæныхас кодтам хъæууон-хæдзарады продукцийæ базарад райтынг кæныныл, кæцы  нысан кæны  фылдæр гуырдзиаг продукцийы  Америкæйы æмæ фылдæр  америкаг  продукцийы æрбаласын  Гуырдзыстонмæ.   Мах ма афтæдæр   бавнæлдтам  уыцы фарсхæцынмæ, кæцы  АИШ-æй  уыдис гуырдзиаг фермертæн, продукцийы  фылдæр  эффективон  кондады, кæцы  сын фадат дæтты, продукци куыд  бынæттон базарыл,афтæма  фæсарæнты бæрзонддæр  æфтиагы  маржæйæ.  Æцæгдæр  нын ис  фидар æмгуыстад  хъæууон хæдзарады  секторы  æмæ цæттæ стæм, ацы æмгуыстад ноджы фæарфдæр кæнæм», – банысан кодта Робин Данниган.