OSCE-ы сæрдар – Бузныг Гуырдзыстоны хицауад æмæ адæмæн Украинайæн фарсхæцыны тыххæй
Арфæгæнæг дæн Гуырдзыстоны хицауад æмсæ адæмæн, цæмæй равдыстой фарсхæцын Украинайæн – уый фæдыл OSCE-ы апрхайæг сæрдар Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Збигнев Рау Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ фембæлды фæстæ лæвæрд брифингыл райхъусын кодта.
«OSCE бæрзонд аргъ кæны Гуырдзыстонæн Украинайы OSCE-ы мониторингы специалон миссийæн фарсхæцыны тыххæй. Афтæма банысан кæнын хъæуы, Тбилисы æнхъарæн, баххуыс кодтаит OSCE-ы минæвæрттæн эвакуацийы процессы», – райхъусын кодта Збигнев Рау.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсейы æнæпровоциргонд агресси Украинайы ныхмæ æмæ куынæггæнæг архæйдтытæ æндæр цалдæр бæстæйы ныхмæ OSCE-ы ареалы, кæцыйы Гуырдзыстон у иуæ-иу сегасдæр бæрæг цæвиттон, уый амонæг у, цæмæй ис архайд, тыхы методтæй æрцæуа арæнты ивд Европæйы.
«Танкты æмæ телтæй æмбондты æвзаг халы æхсæнадæмон барады принциптæ. Уый здæхт у æнæрмæст суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады ныхмæ ахæм бæстæтæы, цахæмдæр сты Гуырдзыстон, Украина кæнæ Молдовæ, фæлæ ма уый здæхт у Европæйы æдасдзинады фундаментон принципты ныхмæ», – банысан кодта Збигнев Рау.
Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министры дзырдæй, Польшæ, куыд OSCE-ы сæрдар бæстæ, тыхархайдыл нæ фæцауæрддзæн цæмæй Гуырдзыстоны фарста актуалон уа æхсæнадæмон бонвæткы.
«Нæ сæрдариуæгы фæлгæтты, алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй Гуырдзыстоны уæвæг конфликты фарста уа бæрзонд æмвæзадыл актуалон æхсæнадæмон бонвæткы. Нæ рард у, æндæр æмсæрдæрттимæ æнгом æмгуыстадæй, уа гом каналтæ Женевæйы æхснадæмон бадзырдты хайадисджыты æхсæн, цæмæй нæхи аиуварс рагафон плангонд эскалацийæ», – райхæлдта Змбигнев Рау æмæ ноджы иу хат сбæлвырд кодта Гуырдзыстонæн OSCE-ы хъæддых фасрхæцын.
Информаци уый фæдыл хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.