OSCE-ы  сæрдар бæстæйы  рангы Гуырдзыстонмæ  официалон визитæй  фæуазæг уыдзæн   Цæгат Македонийы  фæсарæн хъуыддæгты министр
OSCE-ы сæрдар бæстæйы рангы Гуырдзыстонмæ официалон визитæй фæуазæг уыдзæн Цæгат Македонийы фæсарæн хъуыддæгты министр

10-11 апрелы   OSCE-ы  сæрдар бæстæйы  рангы, Гуырдзыстонмæ  официалон визитæй  фæуазæг уыдзæн   Цæгат Македонийы  фæсарæн хъуыддæгты министр Буйар  Осман, –  уый фæдыл   информацийы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад хъусын кæны.

Афтæма сæ информацийææ,  Буйар Османæн  сфысым кæндзæн Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили.

«Ацæудзæн  фембæлд куыд    хицæн афтæ   дыууæ бæстæйы   делегациты  æхсæн, цæй фæстæ дæр  прессæйæн уыдзæн лæвæрд     иуæймаг пресс-конференци.

Визиты фæлгæтты  Цæгат Македонийы  фæсарæн хъуыддæгты министримæ фембæлдзысты  Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, парламенты  сæрдар Шалва Папуашвили  æмæ фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты  паддзахадон министр Тея Ахвледиани.  Буйар  Османы райсдзæн   Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили.

Гуырдзыстонмæ визиты фæлгæтты, Цæгат Македонийы   фæсарæн хъуыддæгты министр   фæуазæг уыдзæн  оккупацион хаххмæ  æмæ  бынатыл æрзонгæ уыдзæн  уæвæг уавæримæ», –  банысангонд у  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрады  информацийы.