Организаци «Демократийы бирæгъуызондзинады» иртьасæнмæ гæсгæйæ, демократийы дæсазон прогрессæй Гуырдзыстон, Дунейы сеппæтæй хуыздæр 10 бæстæйы æхсæн ис
Демократийы итасыны центр «Демократийы бирæгъуызондзинад» (V-DEM) публикаци кæны æрвылазон хыгъдлæвæрд – «Демократийы фæдыл хыгъдлæвæрд 2023» .
Иртасæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон Дунейы 179 бæстæйы æхсæн демократизацийы 10 азон прогрессæй дунейы сгеасдæр хуыздæр дæсойы æхсæн ис.
2023 азы хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны 10 азон демократизацийы прогрессмæ гæсгæйæ, Дунейы сеппæтæй хуыздæр дæст бæстæйы æхсæн бахауд. Фыццаг бынатыл ис Дани, дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ ахсынц Швеци æмæ Норвеги. 2023 азы либералон демократийы индексы Гуырдзыстон йæ фæстæ фæуагъдта ахæм бæстæты, цахæмдæр сты Польшæ, Венгри, Цæгат Македони, Монтенегро æмæ а.д.
Иртасæнмæ гæсгæйæ, либералон демократийы индексæй дарддæр ма, Гуырдзыстонæн 10 азон прогресс ис демократийы индексы дæр. Равзаргæ демократийы индексмæ гæсгæйæ, фæстаг 10 азы мидæг равзаргæ демократи нысаниуæгджынæй фæхуыздæр и Дунейы æрмæст 14 бæстæйы, сæ нымæцы Гуырдзыстоны дæр.
Организацийы аргълæвæрдæй, «Гуырдзыстон 2012 азы ныридæгæн уыдис классификацигонд куыд равзаргæ демократи, стæй та йæ бæрæггæнæн фæхуыздæр ис».
«Хурыскæсæн европæ æмæ Централон Азийы дыууæ демократизацигонд бæстæ ис: Сомихыстон æмæ Гуырдзыстон. «Хурыскæсæн Европæ æмæ Централон Азийы та доминант у æвзæрстгæнæн автократи: цæрджыты 63% цæрынц ахæм бæстæты, цахæм дæр сты Уæрæсе, Белорус æмæ Хъазахстан; цæрджыты 22% ныл амбæлы æвзæрстгæнæн демократон бæстæты, цахæмдæр у Болгари æмæ Гуырдзыстон; æрмæст 5% цæрынц либералон демократон бæстæты, Чехийы, Эстонийы, Латвийы æмæ Словакийы» – банысангонд у иртасæны.
Организацийы информацийæ, равзаргæ демократийы индексы иртасæны объект у демократийы æвзæрстгæнæн принцип, кæцы архайы, равдиса хицæуæдты бæрны сæйраг аргъдзинад.