Организаци «Аруаа», Александр Анквабы азымджын кæны, «Гуырдзыстоны интересты пайдайæн архайыны»
Абхазаг ветеранты организаци оккупацигонд Абхазы премьер-министрæй кæй хонынц уыйы «Гуырдзыстоны интересты лобирдзинад» азымджын кæны. Организаци «Аруаа» протест кæны Александр Анквабы фидиуæн, кæцыйы уый Галы районы цæрджытæн абхазаг паспортты байст æнæрæстагæй схуыдта.
«Курæг стæм премьер-министрæй, ма аздахæт проблемæ этникон аæрдæмадæй, цæмæйдæр националистон равг сцырын кæндзæн, уымæн æмæ хъуыддаг Абхазы хурыскæсæн районты цæрæг æмбæстæгты этникон равзæрд нæ агайы. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ сæ фылдæр сты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ» – дзырдæуы абхазаг ветеранты фидиуæны.
Афтæма сæ дзырдæй, зæгъгæ «Абхазы закъон дывæрон æмбæстагад тобæ кæны æмæ уæлвæтк у æрмæстдæр Уæрæсейы æмбæстагад».
«Махæн афтæдæр зынæмбарæн у, цæмæн хæцы Анкваб Гуырдзыстоны æмбæстгæты барты сæрыл уа сæм Абхазы æмбæстагад, æмæ ацы рæстæджы æндæр æмбæстæгты кой нæ кæны, кæцытæ рагæй фæстæмæ цæрынц Абхазы – Уæрæсейы, Грецийы, Турчы, Сомихыстоны, Белорусы, Украинайы æмбæстæгтæ, кæнæ та уыцы падзахадты æмбæстæгтæ, кæцытæ Абхазимæ хæстон уавæрты не сты? Анквабы æнхъæлы, цæмæй фразæ – «Уыдон нæ ныхмæ нæ хæцыдысты» гæнæн ис закъоны мидæг ныффыссын æмæ уый та æгъгъæд æфслн у, цæмæй Абхазы æмбæстагад райсай?» – дзырдæуы фидиуæны.
Организацийы уæнгтæ курынц, Анкваб æргомæй бавдисæн кæна хи дзырдтыл, кæцы рæстæджы Галы цæрджытæн абхазаг паспортты байст æнæрæстагæй схуыдта. Науæд та абхазаг ветерантæ премьер-министрмæ «æнæхцон уынаффæтæ райсынæй æртъхъирæн кæнынц».
«Хъыгагæн Анкваб уыцы бæстæйы интересты сæрыл хæцы, кæцыимæ стæм хæстон уавæры æмæ уыцы фарстатæ ницæмæ дары, кæцытæ æххæссынц не мбæстæгты æдасдзинадмæ» – дзырдæуы фидиуæны.
Анквабы скритикæ кодтой оккупацигонд Абхазы политикон парти «Апсны» цы хонынц уый уæнгтæ дæр. Сæ ныхæстæм гæсгæ, «Ног хицауад вазыгджын экономикон ситуацийы рæстæджы, хъуыды кæны Гуырдзыстонимæ æмкуысткæныны фарстайыл».